ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны ахсджиаг датæты хъæуы райдайын нысан кæнын уæрæхдæрæй, загъта медиа-центр "Ир"-ы сæргълæууæг, цы тымбыл фынг сорганизаци кодта, уым.
Документ райст æрцыд 1992 азы 29 майы. Уынаффæтæм æрбацыдысты фыццаг æрсидты депутаттæ, кæцытæ истой хайад ацы нысаниуæгджын уынаффæйы райсты. Уыдон æрымысыдысты уæдæй фæстæмæ ивгъуыд æзтæ æмæ ирон адæм цы зындзинæдтыл сæмбæлд, уыдон, æруынаффæ кодтой республикæйы паддзахаддзинады дарддæры райрæзты перспективæтыл.
"Ахæм ахсджиаг датæтæ иууылдæр хъæуы нысан кæнын, нæй æруадзæн, цæмæй, цæмæй уыдон цæуой мæнæ афтæ, æнæбары. Хъæуы уадзын уæрæх мадзæлттæ, конференцитæ, цæмæй рæзгæ фæлтæртæ æмбарой нæ паддзахаддзинады ахсджиаг нысаниуæг", — загъта Гаглойты Ирина.
Тымбыл фынджы архайджытæ хорзыл банымадтой медиа-центры сæргълæууæджы хъæппæрис ахæм датæты уæрæхдæрæй нысан кæныны фæдыл.