ЦХИНВАЛ, 30 май — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий райста йæхимæ фыццаг æрсидты депутатты æмæ сын раарфæ кодта ацы нысаниуæгджын боны фæдыл.
"Гуырдзыстонæй хæдбар республикæ расидыны фæдыл юридикон документ, кæцы Уæлдæр Советы депутаттæ райстой 25 азы размæ, ссис бындур нæ адæмы егъау фæндагæн йæ сæрибардзинадмæ. Сымах æнцон уыд фæаххосджын кæнын сепаратизмы, æрцахсын æмæ уын стæрхон кæнын, фæлæ нæ фæтарстыстут. Бузныг уæ алкæмæндæр уæ патриотизмы тыххæй", — загъта Бибылты Анатолий.
Уый банысан кодта, зæгъгæ? абон ацы бæрæгбон нæ уаид, хæдбардзинады фæдыл документы алы пункт дæр хæцæнгарзимæ куы нæ бахъахъхъæдтаиккой Ирыстоны хъайтартæ, уæд.
"Махæй хъуамæ рох ма уа, Хæдбардзинад райсын акт кæй райгуырд Уæлдæр Советы къулты æхсæн, фæлæ æнæ лæппуты æххуысæй, кæцытæ хæцæнгарзимæ сæ къухты бахъахъхъæдтой ацы документы алы пункт дæр æмæ нывонд кодтой сæ удтæ Гуырдзыстонæй хæдбардзинадæн, абон ацы бæрæгбон нæ уыдаид.
Фембæлды иу уысм æдзæмæй алæугæйæ ссардтой Уæлдæр Советы уыцы депутатты нæмттæ, кæцытæ абон не 'хсæн нал сты.