"Аланты фыццагады" старт: æвзонг богалтæ рахызтысты гауызмæ "Олимпы"

Рафыссын
Спорты галуан "Олимп"-ы цытджын уавæры ацыд республикон фыццагад уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерыстæм æрæмбырд ис хъæбысхæцджыты рекордон нымæц.

Уæгъдибар хъæбысхæстӕй ерыстæ "Аланты фыццагад"-ы Цхинвалы архайы 209 богалы, уыдон дих сты 33 уæзы категорийыл æмæ æртæ карыл.

Мадзалмæ æрбацыдысты президент Бибылты Анатолий, Хуссар Иры спортивон хъæбысхæсты федерацийы хистæр, УФ сгуыхт тренер Тедеты Дзамболат æмæ спорткомитеты сæргълæууæг Засеты Сергей.

Ног хабӕртты лентӕ
0