ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik, Босыкты Наталья. Арт-къорд ZUK Club сараздæн фильм Хуссар Ирыстоны зынгæ адæймæгтыл, радзырдтой коллективы хайадисджытæ пресс-конференцийы рæстæджы Sputnik фæзуатыл.
Мæскуыйаг арт-къорды нывгæнджытæ ма Цхинвалы уыдысты фарон, уæд горæты цалдæр бæстыхайыл фæзындысты аив хуызисттæ.
"Уместные" — сфæлдыстадон коллективы ног проект, цы ран æрыгон нывгæнджытæ æвдисынц Ирыстоны цымыдисаг, аккаг æмæ нысаниуæгджын адæймæгты бæстыхæйтты систыл æмæ сыл параллелонæй исынц фильм.
"Мах уыдыстæм Цхинвалы растдæр афæдзы размæ æмæ куы базонгæ стæм бирæ сфæлдыстадон адæмимæ, уæд бамбæрстам, проектæн кæй ис реализацийы фадат ам. Фильм фыццаг хатт исæм, никуы арæзтам ахæм цыдæр, ныр нæм æрбамбал уе ′мзæххон, оператор Кæсойты Алан. Мах фæнды сисын фильм, цы фрескæтæ сныв кæнæм, уыдон мотивтыл", — радзырдта нывгæнæг-маралист Сергей Овсейкин.
Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоныл балцы рæстæджы, коллективы хайадисджытæ æмбæлынц ахæм адæмимæ, кæцытæ хæст сты сфæлдыстадон архайдыл. Нывгæнæг Максим Ивановы ныхæстæм гæсгæ, проекты бындурон нысан уыд дунейы адæмы хсæнæй рахицæн кæнын ахæмты, кæцытæн ис максималон зæрдæргом ахаст сæ куыстмæ.
"Ирыстоны ис тынг бирæ курдиатджын адæм, сæ фылдæр зонынц цыдæртæ аразын. Ахæм гоймæгтæ æмæ фильмы фæрцы мах фæнды равдисын Ирыстонимæ зонгæ чи нæ у, уыцы æхсæнадæн, нæ алфæмблай кæй ис æцæг курдиатджын адæм æмæ нæ хъæуы фæйнæрдæм кæсын æмæ сæ æндæр бæстæты агурын", — радзырдта Иванов.
Оператор Кæсойты Алан у æнæдызæрдыг, хæдзæртты фасадтыл хуссарирыстойнаг зындгонд цæрджыты хуызисттимæ фрескæты уæвынад, нывгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ, фадат ратдзæн рæзгæ æфлтæрæн зонын æмæ зæрдыл дарын сæ хъайтарты, фильм та равдисдзæн Хуссар Ирыстоны аивдзинад.
"Ис фадат адæмæн истори ныууадзын, хъайтарты равдисын. Хъайтартæ æрмæст уыдон не сты, нæ сæрыл чи тох кодта, фæлæ ма аивад, культурæ, медицинæйы уыцы архайджытæ, кæцытæ бахастой ахæм хайбавæрд Ирыстоны фидæн, истори æмæ рæзтмæ", — банысан кодта Кæсойты Алан.
Аивадон коллективы хайадисджытæ загътой, фильм кæй уыдзæн цæттæ иннæ азы райдианы, ныр та уал сæм æнхъæлмæ кæсынц дæргъвæтин исæн процесс æмæ интервьютæ ирон адæмы зындгонддæр минæвæрттимæ.