Sputnik раарфæ кæндзæн Цхинвалы сабитæн Сывæллæтты хъахъхъæныны боны цытæн

© Sputnik / Алексей КовалевДень защиты детей
День защиты детей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывæллæтты хъахъхъæнынады боны Sputnik сараздзæн чысыл цхинвайлæгтæн сюрприз æмæ сын ратдзæн фадат райсын хайад конкурсы

ЦХИНВАЛ, 31 май, Пресс-службæ Sputnik. Информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстон сæрдыгон каникулты фыццаг боны хоны Цхинвалы чысыл цæрджыты райсын хайад фотоконкурсы #SputnikKids. Конкурс райдайдзæн Сывæллæтты æхсæнадæмон боны — 1 июны æмæ ацæудзæн цхинвайлæгты уарзондæр бынаты — Ногдзауты парчы 12:00 сахатыл.

Вернисаж - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕззыгон ахорӕнтӕ "Sputnik Октябраг вернисаж"-ы

Sputnik командæ сывæллæттæн сараздзæн аквагрим æмæ сын балæвар кæндзæн уæлдæфон тымбылæгтæ Sputnik логотипимæ. Конкурсы хайадисджыты къамтæ Sputnik тымбылæгтимæ хъæуы сæвæрын 1 июнæй 7 июньмæ социалон хызæджы Instagram æмæ парахат кæнын хештэг #SputnikKids. Конкурсы фæстиуджытæ Sputnik сараздзæн 7 июны, иууыл фылдæр лайктæ кæй къам райса, уый та суыдзæн Sputnik профессионалон фотосессийы хъайтар.

Конкурсы ног хабæрттæм фадат ис хъус дарын Sputnik Хуссар Ирыстоны официалон аккаунты социалон хызæгты ВКонтакте, ОК, Facebook æмæ Instagram.

Sputnik Хуссар Ирыстоны къухдариуæггæнæг Нарек Ордян: "1 июнь — сæрды афоны æмæ сæрдыгон каникулты райдиан æмæ дунейы нысаниуæгджын бон — Сывæллæтты хъахъхъæнынады бон. Sputnik æрбамбал уыдзæн афæдзы иууыл хъæлдзæг бæрæгбæттæй иумæ æмæ балæвар кæндзæн горæты чысыл цæрджытæн конкурс сюрпризтимæ, кæцытæ ацы бон сараздзысты ноджы ирддæр æмæ хъæлдзæгдæр".

Sputnik Хуссар Ирыстон йæ куыст райдыта 2015 азы. Йе сконды ис информацион портал ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, радиоресурс æмæ мультимедион пресс-центр.

Ног хабæртты портал Sputnik Хуссар Ирыстон ис фыццаг бынатыл бæстæйы интернет ресурсты хсæн. Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты 30 сайттӕй фылдӕр, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0