Хуссар Ирыстоны ссардтой Хуыбылты Валерийы рухс ном

© Sputnik / Наталья АйриянХуыбылты Валерийы мысӕн бон
Хуыбылты Валерийы мысӕн бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыбылты Валерий уыд Ирыстоны æфсæддон-политикон ирддæр архайджытæй иу, кæцыйы номæн уыд егъау авторитет æгас Кавказы

ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуыбылты Валерий æнустæм бахаста йæ ном Ирыстоны историмæ, загъта республикæйы хъахъхъæнынады министры хæдивæг Ӕлборты Игорь зæрдылдарæн мадзалы рæстæджы, кæцы нывонд уыд зындгонд ирон æфсæддон-политикон архайæджы амæлæтыл 19 азы сæххæстæн.

Хъахъхъæнынады фыццаг министры рухс ном ссарынмæ йæ ингæнмæ æрбацыдысты хæстæджытæ, æмгæрттæ æмæ хъахъхъæнынады уагдоны æфсæддон службæгæнджытæ.

"Валерий Никалайы фырт уыд йæ райгуырæн бæстæйы æцæг патриот. Цы арæзта, уый здæхт уыд бæстæйы æмæ ирон адæмы хæрзиуæгæн. Уый у хъайтар, лидер, кæцыйы ном æнустæм уыдзæн удæгас, йæ ном баззад Ирыстоны историйы", — загъта Ӕлборты Игорь.

Министры хæдивæджы ныхæстæм гæсгæ, гуырдзиаг агрессийы фыццаг бонæй фæстæмæ, Валерий уыд æфсæддон архæйдтыты иууыл активондæр хайадисджытæй иу, кæцы уыд хъæбатыр æмæ æхсарджын.

© Sputnik / Наталья АйриянХуыбылты Валерийы мысӕн бон
Хуыбылты Валерийы мысӕн бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/5
Хуыбылты Валерийы мысӕн бон
© Sputnik / Наталья АйриянХуыбылты Валерийы мысӕн бон
Хуыбылты Валерийы мысӕн бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/5
Хуыбылты Валерийы мысӕн бон
© Sputnik / Наталья АйриянХуыбылты Валерийы мысӕн бон
Хуыбылты Валерийы мысӕн бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/5
Хуыбылты Валерийы мысӕн бон
© Sputnik / Наталья АйриянХуыбылты Валерийы мысӕн бон
Хуыбылты Валерийы мысӕн бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/5
Хуыбылты Валерийы мысӕн бон
© Sputnik / Наталья АйриянХуыбылты Валерийы мысӕн бон
Хуыбылты Валерийы мысӕн бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/5
Хуыбылты Валерийы мысӕн бон
1/5
Хуыбылты Валерийы мысӕн бон
2/5
Хуыбылты Валерийы мысӕн бон
3/5
Хуыбылты Валерийы мысӕн бон
4/5
Хуыбылты Валерийы мысӕн бон
5/5
Хуыбылты Валерийы мысӕн бон

Ӕрæмбырдуæвджытæ сæвæрдтой дидинтæ хъайтары ингæнмæ æмæ дих кодтой сæ мысинæгтæ.

Хуыбылты Валерий йæ цардæй ахицæн 1998 азы 31 майы — уый амардтой Дзæуджыхъæуы. Аххосджынты нырма дæр не ′ссардтой.

Ног хабӕртты лентӕ
0