ЦХИНВАЛ, 2 июн- Sputnik. Хуссар Ирыстон нæ нымайы æнæмæнгхъæуæгыл уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты нымæц фылдæр кæнын, ныртæккæ уыдон фаг сты республикæйы æдасдзинад бахъахъхъæнынæн, фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий.
"Республикæ Хуссар Ирыстоны цы гæрзтæ ис, æмæ цы æфсæддон службæгæнджыты контингент ис, уый нымæцы УФ ӔФС-ы арæнгæрон управленийы — фаг сты, цæмæй ифтонг кæной Хуссар Ирыстоны æдасдзинад", — загъта Бибылты Анатолий йæ интервьюйы РИА Новостийæн.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйæн йæхи гарзджын тыхтæ дæр хынцгæйæ, "уыдон фаг сты цыфæнды агрессоры дæр фæстæмæ аппарын".
"Уæлæмхасæй ноджы цавæрдæр тыхтæ мобилизаци кæнын УФ-йы æрдыгæй, науæд та Хуссар Ирыстонæн йæхи мидæг ницы æнæмæнгхъæуæг у", — банысан кодта президент.
Бибылты Анатолий бафтыдта, зæгъгæ, абон республикæйы территорийыл цы тыхтæ ис, уыдон дæттынц гаранти Хуссар Ирыстоны æдасдзинадæн.
Президент ма аиуварс кодта кодта мыхуыры фæрæзты информаци, зæгъгæ, республикæйы æвæрд сты уæрæсейаг ракетон комплекстæ С-300 æмæ "Тополь-М".
"Зонут æй, журналисттæ кæй уарзынц цырын кæнын: дзурынц, зæгъгæ, махмæ "Тополь-М" дæр ис æмæ стратегион бомбæппарджыты аэродром дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый афтæ нæу", — загъта Бибылты Анатолий.
Уæрæсейаг æфсæддон базæ уæвы Хуссар Ирыстоны 2009 азæй фæстæмæ. Уыцы аз ма республикæйы арæзт æрцыд Уæрæсейы ӔФС-ы Арæнгæрон управлени, кæцы хъахъхъæны республикæйы арæнтæ Гуырдзыстонимæ.