Хуссар Ирыстоны УУМ-ы сæргълæууæг фембæлд йæ уæрæсейаг коллегæимæ

© Sputnik / Руслан ТадтаевЗамглавы МЧС РЮО Алан Тадтаев
Замглавы МЧС РЮО Алан Тадтаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсæнадæмон салоны "Комплексон æдасдзинад – 2017" фæлгæтты Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы УУМ-ы сæргълæуджытæ æруынаффæ кодтой æмгуыстады фарстытыл

ЦХИНВАЛ, 5 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны УУМ-ы сæргълæууæг Тадтаты Алан æмæ УФ уæлвæткон уавæрты фæдыл министр Владимир Пучков фембæлдысты æхсæнадæмон салоны "Комплексон æдасдзинад — 2017" фæлгæтты. Фембæлды рæстæджы министртæ æруынаффæ кодтой Хуссар Ирыстоны минæтæй ссыгъдæг кæныны фæдыл куыстыл, кæцы райдыдта 2016 азы, хъусын кæны РИА Новости.

"Ацы куыст хъавæм адарддæр кæнын 2018-2019 азты. Цы хуызы йæ адарддæр кæндзыстæм, уый аскъуыддзаг кæндзыстæм уæлæмхасæй", — загъта Пучков.

Уæрæсейы УУМ-ы къорд Хуссар Иры минæтæй ссыгъдæг кæныны фæдыл куыст райдыдта 2016 азæй.

Российские саперы нашли и обезвредили в Южной Осетии 15 мин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Минæтæ сæнæзианхъом кæныны кадртæ: уæрæсейаг саперты куыст

Ацы аз Уæрæсейы УУМ-ы ирвæзынгæнджытæ басгæрстой 20 га территори, ссардтой æмæ сæнæзианхъом кодтой 25 рæмудзæн æрмæджы, уый нымæцы фистæгæфсады ныхмæ минæтæ. Къорд адарддæр кæндзæн йæ куыст ацы аз июлы онг.

Дыууæ бæстæйы уæлвæткон ведомствæты сæргълæуджытæ æруынаффæ кодтой дыууæ бæстæты ирвæзынгæнæн службæты æмгуыстады райрæзтты фарстытыл. Пучков банысан кодта, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ахастытæ кæй хæссынц стратегион партнерады нысаниуæг.

"Уæрæсейаг приоритеттæй иу у Хуссар Ирыстоны размæцыдæн, йæ æхсæнадæмон позицитæ сфидар кæнынæн æмæ йæ æдасдзинад сифтонг кæнынæн æххуыс кæнын", — банысан кодта Пучков.

Пучков раарфæ кодта Тадтаты Аланæн министры бынатмæ снысан кæныны фæдыл æмæ йын зæрдæ загъта стыр æнтыстытæ ацы бæрнон куысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0