Хуссар Иры апарахат ис сабиты энтеровирусон инфекци

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæРабота детской больницы
Работа детской больницы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ къуыримæ рынчындонмæ бахаудтой 12 сывæллоны

ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сабиты хсæн апарахат ис энтеровирусон инфекци, фæстаг дыууæ къуырийы рынчындонмæ бакодтой 12 сывӕллоны, фехъусын кодта Sputnik дохтыр-инфекционист Джиоты Элеонора.

Медиктæ фæдзæхсынц сабиты инфекцийæ бахизыны нысанæн ныуазын æхсыст дон æмæ сыгъдæгдзинады домæнтæ ‘ххæст кæнын.

"Энтеровирусон инфекцийæн ис сезонон миниуæг, ныридæгæн мах æмбæлæм сæрдыгон-фæззыгон хуызыл. Рынчынты нымæц афтӕ бирæ нæу — æдæппæтæй 12 сывæллоны фæстаг дыууæ къуырийы. Энтеровирусы хуызтæ расайынц æндæр æмæ æндæргъуызон симптомтæ", — загъта Джиоты Элеонора.

Дохтыр ма радзырдта сывæллæтты ацы низæй бахизыны фадæттыл, уыдонæй сæйраг у сабийы рынчынтæй фæиппæрд кæнын. Стæй ма, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахсджиаг у рынчындонмæ афоныл бацæуын, цæмæй низ ма ахиза æндæр æмвæзадмæ — уæд хос кæнын бахъæудзæн антибиотикты руаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0