ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik, Годжысаты Анна. Ирон æмæ уырыссаг культурæты диалог райдайы уырыссаг æвзаг æмæ зындгонд поэт Александ Пушкины сфæлдыстад зонынадæй. Уый тыххæй дзырдтой Цхинвалы, Пушкины скверы цур æрæмбырдуæвджытæ, цæмæй банысан кæной уырыссаг æвзаджы бон æмæ уырыссаг литературон æвзаджы аразæджы райгуырдыл 218 азы сæххæсты бон.
Цытджын мадзалмæ цхинвайлаг 1-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ бацæттæ кодтой инсценировкæтæ. Уыдон кастысты Пушкины æмдзæвгæтæ уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл (профессор Джусойты Нафийы тæлмацы), афтæ ма французаг, немыцаг æмæ æндæр æвзæгтыл.
Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты хуссарирыстойнаг ассоциацийы сæргълæууæг Тедеты Зæлинæ банысан кодта, уырыссаг æвзаг зонынадæй кæй райдайы дыууæ культурæйы — ирон æмæ уырыссаджы — диалог.
"Пушкины хонынц нырыккон уырыссаг литературон æвзаджы бындурæвæрæг. Уый сбæлвырд кодта йæ райрæзты сæйрагдæр здæхтытæ, æрбангом кодта чиныгон фыссæн æвзаг æмæ адæмон ныхæстæ æмæ дзырдтæ. Пушкины сфæлдыстад йæхæдæг дæр ссис адæмон æвзаджы гармоникон æмбасты дæнцæг", — загъта уый йæ раныхасы.
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий дæр раныхас кодта поэты цырты цур, цы ран банысан кодта, æнæ уырыссаг æвзаг æмæ уырыссаг ныхасæй кæй нæй уæвæн республикæйы кæцыфæнды æмбæстаджы цардæн дæр.
"Нæй уæвæн æнтыстджын æмбæстагæн Пушкин, Достоевский, Толстой æмæ бирæ æндæр егъау уæрæсейаг классикты сфæлдыстад нæ зонгæйæ. Уырыссаг æвзаг хуымæтæгæй нæу паддзахадон æвзаг, ирон æвзаджы æмсæр", — загъта республикæйы сæргълæууæг.
Сквермæ ма æрбацыдысты уæрæсейаг минæварады æмæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Россотрудничествойы минæвæрттæ, хицауады уæнгтæ, поэзийæн табугæнджытæ. Кæронбæттæны æрæмбырдуæвджытæ сæвæрдтой дидинтæ поэты цыртмæ.