Уырыссаг æвзаджы бон æмæ стыр уырыссаг поэт Александр Пушкины райгуырдыл 218 азы сæххæсты бон Хуссар Ирыстоны традицимæ гæсгæ банысан кодтой Пушкинаг скверы Цхинвалы.
Поэты цырты цур æрæмбырд сты скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ, фысджытæ æмæ поэты сфæлдыстадæн табугæнджытæ.
Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты хуссарирыстойнаг ассоциацийы сæргълæууæг Тедеты Зæлинæ радзырдта Пушкины цард æмæ йæ нысаниуæджы тыххæй дунейон культурæйы. Поэты ролы тыххæй Ирыстоны царды раныхас кодта президент Бибылты Анатолий дæр.
Кæронбæттæны æрæмбырдуæвджытæ сæвæрдтой дидинтæ поэты цыртмæ.