Уæрæсе разы у Бибылты Анатолийы хъуыдыимæ Хуссар Иры уылты транзиты фæдыл

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæМинистерство иностранных дел России
Министерство иностранных дел России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейаг æддагполитикон уагдон сарæзта комментарий Бибылты Анатолийы уынаффæйæн, зæгъгæ Хуссар Ирыстон цæттæ у Уæрæсейæ транзит сифтонг кæнын йæ территорийы уылты Гуырдзыстонмæ æмбарадон партнерады уавæрты

ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Мæскуы хорзыл нымайы Хуссар Ирыстоны президенты уынаффæ, зæгъгæ республикæ цæттæ у æмбарадон уавæртыл йæ территорийыл уæзласæн транзит сифтонг кæнын, хъусын кæны РИА Новости.

Официальный представитель министерства иностранных дел России Мария Захарова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсе рӕстагыл нымайы Хуссар Иры позици йӕ территорийыл транзиты фӕдыл

Амæй размæ Хуссар Ирыстоны президент ПӔЭФ-2017 кулуарты фехъусын кодта, республикæй кæй у цæттæ Уæрæсейæ транзит сифтонг кæнын йæ территорийы уылты Гуырдзыстонмæ æрмæстдæр æмбарадон партнеры хуызы.

"Нæ хъус æрдардтам Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы уынаффæмæ, кæцы арæзт æрцыд Петербургаг æхсæнадæмон экономикон форумы фæзуатыл… Мах разы стæм ахæм конструктивон æмæ бæрнон позициимæ, кæцы гом кæны Фæскавказы базарадон-экономикон коммуникациты системæйы райрæзты реалон перспективæ регионы алы бæстæты пайдайæн", — дзырдæуы ФХМ-ы хъусынгæнинаджы.

Уæрæсейаг æддагполитикон уагдон æрсидт Тбилисмæ дæр равдисын "ахæм констуктивон ахаст".

Ног хабӕртты лентӕ
0