Хуссар Ирыстоны мыдгæстæ аххосджын кæнынц хорхъуагы сыгъзæрин æхсыргуры

© Sputnik / Игорь Агеенко /  Ахизын медиабанкмæПчеловоды окуривают соты на пасеке
Пчеловоды окуривают соты на пасеке - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны мыдгæстæ аххосджын кæнынц хорхъуагы фæлтæхæг маргъ - сыгъзæрин æхсыргуры, кæцы фæфæстиат нæ республикæйы, зæгъгæ уый куынæг кæны мыдыбындзыты

ЦХИНВАЛ, 13 июн — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны мыдгæстæ дзурынц, зæгъгæ ацы аз мыды тыллæг уыдзæн мæгуырау фæлтæхæг маргъы тыххæй, кæцытæ сын куынæг кæнынц сæ мыдыбындзыты.

Демонстрационная пасека в Кузьминском парке в Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мыдгӕс Сиукъаты Алан ӕмӕ йӕ ног рецепттӕ

"Хъæуы мын ис 19 къæртайы. Фæлæ сыл фæстаг къуыри цуан кæны мæнæн æбæрæг цъиу. Ӕз æрцыдтæн горæтмæ, ахæсдзæн хæцæнгарз æмæ фехсдзæн уыцы зианхæссæг маргъы", — загъта Sputnik мæсты мыдгæс Аслан.

Биолог- географ Габаты Владимир нæ агентадæн куыд загъта, афтæмæй мыдыбындзытæ æмæ æндæр рæхойæг сасчытæ сты ацы фæлтæхæг маргъы æрвылбонон меню, кæцы у зындгонд, куыд "сыгъзæрин æхсыргур". Ахуыргонды ныхæстæм гæсгæ, уый фæфæстиат нæ республикæйы дæргъвæтин къæвдаты тыххæй.

"Зæгъæн ис æмæ нæм сыгъзæрин æхсыргур ис транзитæй. Дæргъвæтин къæвдатæ, мæргътæ аргъæвтой сæ атахт æмæ чысыл фæфæстиат сты, кæй зæгъын æй хъæуы хæрынц мыдыбындзыты. Фæстаг къуыри мæм фæдзырдтой дæс мæтыцыд мыдгæсы", — загъта Габаты Владимир.

Мыдгæстæ æнхъæлмæ кæсынц, хурбонты ныллæудимæ сыгъзæрин æхсыргур кæй адарддæр кæндзæн йæ "балц". Фæлæ мыды тыллæг мæргъты атахт нал аирвæзын кæндзæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0