Арвы цæфы фæстиуæгæн горæты районтæй иу аззад æнæрухсæй

© Sputnik / Алексей КовалевГроза над Цхинвалом
Гроза над Цхинвалом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы арв ныццавта электрохызæджы дæлзæхх телтæ

ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik, Хъотайты Мария. Цхинвалы кæройнаг районтæй иу — Консервон заводы районы арвы ферттывд бахъыгдардта электрохызæджы хæххытæ, цæй фæстиуæгæн цæрæн хæдзæрттæ аззадысты æнæ рухсæй, радзырдтой Sputnik ацы уынджы цæрджытæ.

Строительство дороги в Квайса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры районты иуварс кæнынц тæрккъæвдаты фæстиуджытæ

"Энергорерурс"-ы бафидар кодтой, электрохызæджы хæххытæ кæй бахъыгдардта арвы цæф.

"Энергоресурс"-ы директор Гæбæраты Аланы ныхæстæм гæсгæ, "кусæгон бригадæйæн нæй фадат кабель сцалцæг кæнын, къæвда йæ уарынæй кæй нæ лæууы, уый аххосагæй".

"Технологимæ гæсгæ, электрохахх нæй гæнæн къæвдайы цалцæг кæнын. Уæлдайдæр та кабелон хахх зæххы бын æвæрд куы уа, уæд. Ацы фадыг хъæуы скъахын æмæ уæд та донæй байдзаг уыдзæн, æмæ уый та ноджы фæкарздæр кæндзæн проблемæ", — загъта Гæбæраты Алан.

Уый банысан кодта, кусæгон бригадæ кæй æрæвналдзæн элекрохаххы цалцæгмæ, куыддæр къæвда йæ уарынæй æрлæууа, уæд.

Ног хабӕртты лентӕ
0