Дыууӕ ирон богалы райстой сыгъзӕрин майдантӕ Уӕрӕсейы чемпионаты

© ВКонтактеХетаг Цаболов
Хетаг Цаболов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гогаты Алан æмæ Цæболты Хетæг Уæрæсейы чемпионаты фæстаг бон баххӕст кодтой Цӕгат Иры ӕмбырдгонды хӕзнадон ноджы дыууӕ сыгъзӕринӕй, аннæ ирон богал Байцаты Владислав та райста æвзист майдан

ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik. Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионаты фӕстаг бон Цӕгат Иры ӕмбырдгонды хӕзнадон баххӕст дыууӕ сыгъзӕрин майданӕй.

Гогаты Алан хӕцыд 65 килограммы уæзы, финалы уый рамбылдта дагестайнаг богал Муршид Муталиевы 4:3 хыгъдӕй.

Владислав Валиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уалыты Владислав ссис Уæрæсейы чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй

2014 азы дунейы чемпион Цæболты Хетæг та ӕрхаста Цӕгат Ирыстонӕн ӕртыккаг сыгъзӕрин майдан. Финалы уый дӕр йӕ тыхтӕ бавзӕрста дагестайнаг спортсмен Гаджи Набиевимӕ ӕмӕ йӕ рамбылдта 7:2 хыгъдӕй 74 кг уæзы.

Ацы категорийы ма хӕцыд ӕндӕр ирон богал Зассеты Алан, уымæн та йæ къухы бафтыд бронзæ майдан.

Чемпионаты кæрон аскъуыддзаг 97 кг уæзы сыгъзæрин майданы хъысмæт. Чемпионаты иууыл цымыдисондӕр тохыл нымад ӕрцыд Байцаты Владислав æмæ Абдулрашид Садулаевы фембæлд, уый ахицæн ис 7:8 хыгъдæй. Байцаты Владислав ссис чемпионаты ӕвзист призер.

Уæрæсейы чемпионаты уымæй размæ та уæлахиздзау ссис Уалыты Владислав — уый рамбылдта сыгъзæрин майдан 86 кг онг уæзы категорийы.

Уый адыл, Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ Уӕрӕсейы чемпионаты рамбылдтой 3 сыгъзӕрин, 1 ӕвзист ӕмӕ 2 бронзӕйон майданы. Ӕмбырдгонды сӕйраг тренер у Гозымты Хетӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0