ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин фехъусын кодта, æрæджы йын кæй райгуырд дыккаг хъæбулы хъæбул.
РИА Новости къуыд хъусын кæны, афтæмæй комкоммæ хаххы рæстæджы Кæсæг-Балхъары цæрæг сылгоймаг бахатыд бæстæйы сæргълæууæгмæ, цæмæй радзура йæ хъæбулы хъæбулты тыххæй.
Президент радзырдта, йæ чызджытæ кæй цæрынц Уæрæсейы æмæ сын кæй ницы бастдзинад ис политикæимæ. Уыимæ иумæ, уый банысан кодта, кæй нæ раргом кæндзæн йæ хъæбулы хъæбулты царды тыххæй, уымæн æмæ йæ фæнды, цæмæй хъомыл кæной хуымæтæджы хорз адæймæгтæй, "уæздæттæй" нæ, фæлæ.
"Ӕрæджы мын райгуырд дыккаг хъæбулы хъæбул", — загъта Путин.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый куы раргом кæна сæ нæмттæ, уæд сæ "уæгъд нал суаддзысты".