Хæрзаудæн сихор: Алайнаг епархи бакодта ӕххуысхъуаг адӕмӕн æнӕаргъ хæрæндон

© Sputnik / Фатима ПлиеваМатушка Серафима
Матушка Серафима - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕххуысхъуаг адæмы Алайнаг епархи æрвылсабат æрхоны ӕнӕаргъ сихормæ. Хæрзаудæн фынгтӕ арæзт цæуынц епархийы мысайнæгтæй, стæй ма хицæн адæмы нывонд фæрæзтæ æмæ хæлцадæй

ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Алайнаг епархи Цхинвалы æрбакодта хæрзаудæн хæрæндон ӕвӕгӕсӕг æмæ æххуысхъуаг адæмæн. Уым ӕрвылсабат дӕр уæззау царды уавæрты бахауæг адæмæн ис басихор кæныны фадат.

Æнæаргъ сихортӕ Алайнаг епархийы арæзт цæуынц 2008 азы хæстæй фæстæмæ. Фӕлӕ уӕд, къуындæг уавæрты ахоссæй, хӕринаг цӕрджытӕ хастой сæ хæдзæрттæм, ныр та арендӕйы райстой хицæн бæстыхай.

"Нӕ хæрæндон кусы хицæн бæстыхайы Энгельсы уынгыл, раздæры кафе "Фарн"-ы бæстыхайы. Мургай æмбырд кӕнӕм къæбицы мигæнæнтӕ, фынгтæ, бандæттæ. Баххуыс нын кодта Хъахъхъæнынады министрад, адæм хæссынц хæдзарон мигæнæнтӕ, зæронд хæдзарон техникæ, фӕкӕсынц нӕм æхцайы фæрæзтæй дӕр", — радзырдта Sputnik Алайнаг епархийы службӕгӕнӕг Бекъойты Роланд.

Епархийы хæрзаудæн хæрæндонæн къухдариуӕгад кæны мад Серафима. Нырма уал ам тыхст уавæрты цæрæг адӕмы хӕрдӕй сифтонг кӕнын епархийы бон у ӕрмӕст къуыри иу хатт, фӕлӕ хæрæндоны куыст йæ гаччы куы сбада, уӕд ӕнӕаргъ сихортӕ къуыри æртæ хатты.

© Sputnik / Фатима ПлиеваАлайнаг епархийы хӕрзаудӕн хӕрӕндон
Матушка Серафима - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алайнаг епархийы хӕрзаудӕн хӕрӕндон

"Хӕлцад ӕмӕ финансон фӕрæзтæй дарддæр цæрджытæ æххуыс кæнынц архайдæй дæр. Сихор аразынмæ æрбамбал вæййынц бархион æххуысгæнджытæ. Ӕмбæлон уагмæ куы æркæной хæрæндон, уæд рахиздзыстӕм ног режиммæ- сихортæ араздзысты къуыри æртæ хатты", — бафтыдта динамонæг.

Бекъойты Роланд ма бахахх кодта, рагон ирон æгъдау та фӕстӕмӕ цадӕггай кӕй ӕндидзы — уӕд иу кӕд зианы фынгæй хæйттæ æрвыстой мӕгуыр адӕмӕн, уӕд ныр та бирӕ зианджынтæ æрбарвитынц сæ фынгæй хæйттæ хæрзаудæн хæрæндонмæ.

Хæрзаудæн сихортæм æрбамбырд вæййы 10-20 адæймаджы.

Уымӕй дарддӕр ма, Роланды ныхӕстӕм гӕсгӕ, аходæн кæнынмæ æрбацæуын бирæтæ кæнынц æфсæрмы, кæд тыхст уавæрты сты, уæддæр. Ахæм бинонты, се ʻхсæн сидзæр сывæллæттæ, бирæсывæллонджын бинонтæ æмæ цыбыркъух цæрджытӕ, епархийы минæвæрттæ бӕрæг кæнынц хæдзæртты.

Ног хабӕртты лентӕ
0