Хуыджеты Азайы музей

Рафыссын
Sputnik Хуссар Ирыстоны къамисæг Наталья Айриян фæуазæг Хуыджеты Азайы музеймæ æмæ бафæлвæрдта йæ къамты равдисын рæстæджы æнæивайгæ ахорæнтæ

Хуыджеты Аза у вазыгджын æмæ алыварсон адæймаг. Йæ фыды фæндонмæ гæсгæ, ссис акушер-гинеколог æмæ цæрæнбонты йæ зæрдæ не ′сивта йæ профессийыл.

Фæлæ ма, царды сæйраг хъуыддагæй дарддæр, Аза Александры чызгæн ис æндæр егъау уарзон хъуыддаг дæр. 30 азы размæ райдыдта æмбырд кæнын рагон дзаумæттæ. Уæдæй фæстæмæ йæ коллекци тынг рауæрæх æмæ ныр ахсы Цъорбисы хъæуы йæ фыды хæдзары дыккаг уæладзыг æнæхъæнæй.

Азайы ныхæстæм гæсгæ, бирæ адæмæн нæй фадат кæнæ фæндон рагон дзаумæттæ дарын, кæцытæ сын баззадысты сæ фыдæлтæй. Уымæн ис тынг уарзæгой æмæ арæхстджын ахаст алы дзаумамæ дæр, уымæн æмæ уый у райгуырæн къуымы историйы хай. Йæ бæллиц у бакæнын рагон ирон цардуаджы музей йæ фыды хæдзары, уадзын экскурситæ скъоладзаутæ æмæ цымыдис чи кæны, уыцы адæмæн.

Кæронмæ æххæст музейæн Азайæн нæ фаг кæны цалдæр ахсджиаг экспонаты, фæлæ æввахс рæстæджы ацы пробемæ скъуыддзаг æрцæудзæн æмæ музей æрбайгом кæндзæн йæ дуæрттæ. Мах зæрдæ та Азайæн зæгъы æнтыстытæ ахæм ахсджиаг æмæ хорз хъуыддаджы.

© Sputnik / Наталья АйриянХуыджеты Азайы хæдзар-музей. Цъорбисы хъæу.
Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/18
Хуыджеты Азайы хæдзар-музей. Цъорбисы хъæу.
© Sputnik / Наталья АйриянКъухын куыройы уæллаг хай.
Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/18
Къухын куыройы уæллаг хай.
© Sputnik / Наталья АйриянӔртæкъахон фынг.
Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/18
Ӕртæкъахон фынг.
© Sputnik / Наталья АйриянРагон цæххойæнтæ.
Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/18
Рагон цæххойæнтæ.
© Sputnik / Наталья АйриянГалиуырдыгæй: ирон цыхт ахсынæн тæбæгъ. Рахизырдыгæй: Ирон уæлибыхтыл орнамент саразынæн печать.
Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/18
Галиуырдыгæй: ирон цыхт ахсынæн тæбæгъ. Рахизырдыгæй: Ирон уæлибыхтыл орнамент саразынæн печать.
© Sputnik / Наталья АйриянНывæфтыд къæлæтджыны анцойгæнæн.
Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/18
Нывæфтыд къæлæтджыны анцойгæнæн.
© Sputnik / Наталья АйриянКъæбицы мигæнæнтæ.
Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/18
Къæбицы мигæнæнтæ.
© Sputnik / Наталья АйриянӔрхуы цуайнаг бæгæны æхсидынæн.
Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
8/18
Ӕрхуы цуайнаг бæгæны æхсидынæн.
© Sputnik / Наталья АйриянЦырагъ – лыстæг даргъ хъæды æхсныф пецы арт ссудзынæн, науæд та хæдзар ныррухс кæнынæн.
Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
9/18
Цырагъ – лыстæг даргъ хъæды æхсныф пецы арт ссудзынæн, науæд та хæдзар ныррухс кæнынæн.
© Sputnik / Наталья АйриянКъæбицы мигæнæнтæ.
Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
10/18
Къæбицы мигæнæнтæ.
© Sputnik / Наталья АйриянБыркуытæ сæнæн.
Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
11/18
Быркуытæ сæнæн.
© Sputnik / Наталья АйриянФысылвынæн хæсгард.
Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
12/18
Фысылвынæн хæсгард.
© Sputnik / Наталья АйриянЧырын чынддзон дзаумæттæн.
Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
13/18
Чырын чынддзон дзаумæттæн.
© Sputnik / Наталья АйриянРагон дурын.
Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
14/18
Рагон дурын.
© Sputnik / Наталья АйриянРагон "блендер", кæцыйæ пайда кодтой хæринæгтæ, сæйраджыдæр, хъæдур цъæл кæнынæн.
Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
15/18
Рагон "блендер", кæцыйæ пайда кодтой хæринæгтæ, сæйраджыдæр, хъæдур цъæл кæнынæн.
© Sputnik / Наталья АйриянХорæвæрæн боцкъа.
Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
16/18
Хорæвæрæн боцкъа.
© Sputnik / Наталья АйриянНывæфтыд лыстæны æнцойгæнæн.
Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
17/18
Нывæфтыд лыстæны æнцойгæнæн.
© Sputnik / Наталья АйриянХуыджеты Аза.
Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
18/18
Хуыджеты Аза.
Ног хабӕртты лентӕ
0