ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik, Годжысаты Анна. Цхинвалы Леуахийы былыл культурæ æмæ фæлладуадзæн парк, цæрджыты æхсæн зындгонд куыд "Стыр парк", баййафдзæн реконструкци, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны арæзтад, архитектурæйы æмæ цæрæн-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, проектон куыстытæ райдайдзысты ацы аз, финæнмæ та парчы айтынг уыдзæн масштабон арæзтад. Министры хæдивæг бафиппайдта, парчы хæрзарæзтадæн кæй рахицæн кæндзысты 33 милуан сомы.
"Парк хæсдзæн фылдæр спортивон-хосгæнæн нысаниуæг, уымæн æмæ йæ территорийыл ис æвæрд спорты галуан "Олимп". Парчы сараздзысты фистæгвæндæгтæ, велофæндæгтæ, афтæ ма аттракционтæ. Стыр хъусдард здæхт æрцæудзæн рухсы фæдыл куыстытæм. Арæзт ма дзы æрцæудзæн цад дæр", — загъта Гаглойты Сергей.
Советон Цæдисы ныппырх æмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы онг "Стыр парк" уыд цæрджыты иууыл уарзондæр фæллуадуадзæн бынат. Хæст нæ бацауæрста аив бынатыл æмæ ма кæддæры аттракционтæй аззад æрмæстдæр пырхæнтæ.