ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik. Дзæуджыхъæу бацахста 10-æм бынат Уæрæсейы горæтты æдасдзинады рейтингы. Рейтинг арæзт æрцыд цæрджыты æрфарстты фæстиуджытæм гæсгæ, хъусын кæны РИА Новости.
Специалисттæ сарæзтой Уæрæсейы горæтты рейтинг æдасдзинадмæ гæсгæ бынæттон цæрджыты æрфарсты фæстиуджыты бындурыл. Ӕрфарсты хайад райстой 258,441 мин респонденты æппæт Уæрæсейæ. Цæрджытæ саргъ колтой ахæм хъуыдыйæн — "Ӕз цæрын æдас районы æмæ нæ тæрсын цæуын хæдзармæ талынг рæстæджы" — 10-баллон шкаламæ гæсгæ. Иууыл æдасдæр горæтыл бынæттон цæрджытæ банымадтой горæт Грозныйы.
Мæскуы бацахста 31-æм бынат, Санкт-Петербург ис 42-æм бынаты. Дзæуджыхъæу ацы рейтингы ис дæсæм бынатыл.
Уæрæсейы сæдæ егъаудæр горæттæй иууыл тæссагдæрыл нымад æрцыд горæт Шахты Ростовы областы. Цæрджытæ хъаст кæнынц, районы кæй ис бирæ дзæгъæл куыйтæ, кæцытæ лæбурынц адæммæ, æнæрухсгонд уынгтæй æмæ а. д.