ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны дыццæджы мысынц ирон адæмы фыццаг геноциды амæттæгты рухс нӕмттӕ. Цхинвалы 13 коммунары мемориалон цырты цур ацыд фыдохы митинг, республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ цӕрджытӕ коммунарты ингӕнтыл сæвæрдтой дидинтæ.
Хуссар Ирыстоны 20 июнь нымад у фыдохы боныл, 97 азы размæ 1920 азы 20 июны гуырдзиаг меньшевиктӕ хъизæмары мард акодтой 13 амынæттаг коммунары. Уӕд райдыдта Хуссар Ирыстоны сабыр адӕмы ныхмӕ тыхон операци.
Паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолий фыдохы митингы раныхас кӕнгӕйӕ банысан кодта, ирон адæм хæсджын кæй сты трагедийы амæттæгты раз, цæмæй сын сæ ном ма рох кæной, сæ кад бынмæ ма руадзой æмæ Ирыстоны размæ кæной.
"Ирыстон бирæ уæззау хабæрттæ баййæфта, уыцы фыдбылызтæй бирæтæ ‘рцыдысты, ирон адæмы сæ зонгуытыл лæууын кæй нæ фæндыд, уый аххосагæй. Зындзинӕдтæй та нӕ Ир кодта фидар. Ацы адæм дæр сæ сæр не ʻркъул кодтой, не ʻсразы сты сæхицæн ингæн скъахыныл дæр. Мах хъуамæ æмбарæм, уыдон сæ цард мах тыххæй кæй рауæлдай кодтой æмæ нæ хæс у, цӕмӕй сын сæ ном макуы ферох кæнæм", — банысан кодта йæ раныхасы президент.
Ирон адӕмы фыццаг геноциды тыххӕй, Ирыстоны историйы уæззау рæстæджытыл æрдзырдта историк Пухаты Къоста. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, 1920 азы 12 июны Гуырдзыстон куы æрбатыдта Хуссар Ирмӕ, уæд кӕуыл ӕмбылдысты, уыдонӕй иунæг нæлгоймаджы дæр нал ныууагътой удӕгасӕй.
"Коммунартӕй та кæй нымудзгæ бакодтой, кæй куыд æмæ сæ ныккалдтой ныры фæсивæдон комитеты бæстыхайы ныккæнды. Уырдыгæй сæ скодтой марынмæ Згъудеры уæлмæрды сæрмæ æмæ сæ домдтой сæхицæн ингæн скъахын. Фӕлӕ знаг ӕбуалгъ хъизӕмӕрттӕй дӕр 13 лӕппуйӕ иуы дӕр нӕ басаста", — радзырдта историк.
Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта, 13 коммунары хъæбатыр мæлæт стыр бынат кӕй бацахста Ирыстоны историйы. Ӕвæрд сын æрцыд цырт, Цхинвалы уынгтæй иу хæссы 13 коммунары ном, нывгæнæг Тугъанты Махарбег ӕмӕ фыссæг Беджызаты Чермен ирдӕй равдыстой се сфæлдыстады ацы трагеди.
Фыдохы боны фӕлгӕтты ма дыццӕджы республикӕйы уагъд ӕрцӕудзысты байхъуыстытæ "Геноцид. Народ. Память" историктæ, юристтæ æмæ Цхинвалы карджын цæрджыты хайадистæй. Афтӕ ма Республикон библиотекæйы бæстыхайы ацӕудзӕн гӕноциды фæдыл литературон уацмыстæ æмæ уацты равдыст.
Хуссар Ирыстоны областы Адӕмон депутатты Совет 20 сентябры 1990 азы банымадта 1920 азы цаутæ, куыд ирон адӕмы геноцид. 20 азты гуырдзиаг меньшевикты къухтӕй фӕмард 5279 адӕймаджы, уыдонӕй сылгоймӕгтӕ — 1375, сывӕллӕттӕ — 1844.