Президент: æрвылбон дӕр хъусын æмæ фæрсын Sputnik Хуссар Ирыстон

© Sputnik / Наталья АйриянАнатолий Ильич Бибилов
Анатолий Ильич Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik Хуссар Ирыстон нысан кæны республикӕйы медион тыгъдады дыууæазон бæрæгбон. Агентады коллективæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты президент, парламенты спикер, журналисттæ æмæ агентады æмгæрттæ

ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik, Козаты Диана. Информацион агентад Sputnik у иунæг хæдбар агентад Хуссар Ирыстоны, кæцы æнæфарсдзырдæй æвдыста республикæйы цæуæг цаутæ, загъта президент Бибылты Анатолий.
Дыццæджы Sputnik нысан кæны Хуссар Ирыстоны медион тыгъдады дыууæазон бæрæгбон. Агентады коллективæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты президент Бибылты

Анатолий, парламенты спикер Гасситы Петр, журналисттæ æмæ агентады æмгæрттæ.

"Алкæмæн дæр уæ арфæ кæнын — дыууӕ азы бирæ нæу, фæлæ бакодтат гуырахст куыст. Уæ проекттæ ссардтой фæндаг цæрджыты зæрдæтæм, ахæмтæ куыд "Елка доброты", "Герои поневоле" æмæ бирæ æндæртæ. Хуссар Ирыстоны, нæ фæтæрсдзæн зæгъын, Sputnik у иунæг хæдбар ресурс", — загъта паддзахады сæргълæууæг.

Президент радзырдта, кæй фæрсы æмæ хъусы Sputnik Хуссар Ирыстонмæ æрвылбон дæр, йæ хъус дары ног хабæрттæ æмæ темæтæм.

"Мæн гæнæн уыдис райсын куыстмæ дæр агентадмæ. Ӕз дæн социалон хызæгты активон пайдагæнæг, Sputnik Хуссар Ирыстоны журналистты арæзт у мæ аватарка дæр социалон хызæджы Facebook. Мах стæм тынг хорз ахастыты, фæлæ æз никуы фæдзурдзæн æмæ сын нæ бацаразинаг кæндзæн сæ куыст. Ӕз сын зæгъын бузныг сæ куысты тыххæй", — загъта Бибылты Анатолий.

© Sputnik / Наталья АйриянSputnik Хуссар Ирыстон нысан кæны республикӕйы медион тыгъдады дыууæазон бæрæгбон
Два года Sputnik Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik Хуссар Ирыстон нысан кæны республикӕйы медион тыгъдады дыууæазон бæрæгбон
Президент банхъардта цалдæр цымыдисон темæ æмæ спецпроекты, кæцытæ хорз уаид среализаци кæнын фидæны.

Sputnik журналисттæн ма раарфæ кодта парламенты спикер Гасситы Петр, кæцы банысан кодта, хорз кæй зоны, цы у журналистикæ — ацы къабазы уый фæкуыста дæс азæй фылдæр.

"Ныфсджынæй мæ бон у зæгъын, уæ агентады фæзындимæ информацион продукт кæй рахызт бынтон ног æмвæзадмæ. Сымахæн ис тынг хорз коллектив, кæцы дарддæр дæр рухс кæндзæн нæ зæрдæтæ сæ куыстæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ вæййы бынтон хæдбар журналисттæ, фæлæ алыхатдæр хъæуы уымæ тырнын", — загъта уый.

Хорз æмæ профессионалон куысты тыххæй Sputnik журналисттæн загъта бузныг РХИ-ы минæвар УФ-йы Гасситы Знауыр дӕр, кæцы банысан кодта, агентад кӕй нысан кæны йæ архайды цыппар азы бон, уымæн æмæ "журналистты куысты иу афæдз банымайæн ис куыд дыууæ азы".

"Ацы дыууæ азы куыстат тынг хор. Хорз командæ стут æвзонг къухдариуæггæнæгимæ. Æнтыстджын æхсæнполитикон архайды сусæгдзинад ис ДИФ æппынæдзух мониторинг, сымах стут нæ хъусдарды бын, уымæн æмæ дзы спайда кæнæн ис нæ дарддæры куысты", — загъта минæвар.

© Sputnik / Наталья АйриянSputnik Хуссар Ирыстон нысан кæны республикӕйы медион тыгъдады дыууæазон бæрæгбон
Два года  Sputnik Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik Хуссар Ирыстон нысан кæны республикӕйы медион тыгъдады дыууæазон бæрæгбон

Сухумаг Sputnik-ы студийы бакастысты сӕ сӕргълӕууӕг Руслан Бганбайы арфæйы тел, уый банысан кодта, Sputnik Хуссар Ирыстоны прогресс кӕй у цӕстуынгæ.

"Нæ цæст дарӕм уæ профессионалон архайдмæ, ахуыр кæнæм уæ фæлтæрддзинадыл. Sputnik Абхаз алкæддæр ис уæ фарсмæ", — банысан кодта уый.

Агентады къухдариуæггæнæг Нарек Ордян базонгæ кодта æрæмбырдуæвджыты дыууæазон куысты хатдзæгтимæ.

"Социалон хызæгты махæн ис иууыл фылдæр кæсджытæ. Дыууæ азы æмгъуыдмæ сайтмæ бахызт 808 794 адæймаг. Иууыл тынгдæр нæ цы бæстæтæ кæсынц, уыдонæй дыккаг бынаты ис Гуырдзыстон. Уый у иттæг хорз — уадз æмæ уыной Хуссар Ирыстон размæ кæй цæуы", — загъта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Sputnik Хуссар Ирыстоны æнтысты сусæгдзинад ис куыстуарзон æмæ хæлар коллективы.

Ног хабӕртты лентӕ
0