ЦХИНВАЛ, 21 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтӕн ӕххуысӕн 2018-2019 ӕзты инвестицион нывӕзт среализаци кӕнынӕн уӕрӕсейаг бюджетӕй хицӕн ӕрцӕудзӕн ӕртӕ миллиард сомӕй фылдӕр, фехъусын кодта хицауады сӕрдар Пухаты Эрик.
Цхинвалы уагъд ӕрцыд Хуссар Ирыстон мæ Уæрæсейы æхсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Ӕхсӕнхицауадон къамисы (ӔХК) хуссарирыстойнаг хайы рабадт. Йӕ хайадисджытӕ ӕруынаффӕ кодтой, ӕввахс дыууӕ азы инвестпрограммӕмӕ цы сӕйраг мадзӕлттӕ бахауыдзысты, уыдоныл, хъусын кӕны президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.
Хицауады сӕрдар банысан кодта, инвестпрограммӕйы проектмӕ кӕй хауы 16 ног ӕмӕ ӕхсӕз та 2015-2017 ӕзты нывӕзтӕй ахизгӕ мадзалы.
"Хуссарирыстойнаг фарс Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрадимӕ иумӕ хъуамӕ 30 марты онг сарӕзтаит ӕввахс дыууӕ азӕн инвестпрограммӕйы проект, финанскӕнынады иумӕйаг бӕрц — 3,3 миллирд сомы", — загъта Пухаты Эрик.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы фӕрӕзтӕ здӕхт ӕрцӕудзысты, социалон-экономикон райрӕзты хъуыддаджы республикӕ цы инфраструктурон къуыхцыдзинӕдтӕ ӕййафы, уыдон аиуварс кӕнынмӕ, уыимӕ иумӕ экономикӕйы реалон секторы райрӕзт, чысыл ӕмӕ астӕуккаг бизнесӕн ӕххуыс, афтӕ ма энергетикон ӕмӕ инженерон инфраструктурӕйы объектты арӕзтад, реконструкци ӕмӕ капиталон цалцӕг.
Хицауады сӕрдар ма банысан кодта, республикӕйы уагдӕттӕ кӕй бахастой сӕхи ӕнхъарӕнтӕ, кӕцыты иумӕйаг аргъ уыд фондз миллиард сомӕй фылдӕр. Уыдонӕ ӕвзӕрст ӕрцыдысты иууыл приоритетондӕр объекттӕ ӕмӕ мадзӕлттӕ.