ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik. Гуырдзиаг фарс фехæлдта женеваг дискусситы хайадисджыты иумæйаг уынаффæйы райст тыхæй ма спайда кæныны принциптæн æмуддзинады фæдыл, дзырдæуы хуссарирыстойнаг делегацийы хъусынгæнинаджы.
Женевæйы 20-21 июны уагъд æрцыдысты Фæскавказы фæдыл æхсæнадæмон дискусситы фæлгæтты радон консультацитæ. Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстон, Абхаз, Уæрæсе, Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы, афтæ ма ООН, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыд фæсконфликтон уавæр æрбиноныг кæнын фæдыл РХИ президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт.
"Иумæйаг уынаффæйы райст уыдаид реалон ацæугæ раундыл, фæлæ гуырдзиаг фарс фæстаг уысм йæхи аиуварс кодта бадзырдтæй æмæ сарæзта саботаж ацы фæдыздæхты куыстæн. Бахастæуыд фæндон уынаффæйы текст æрæмдзых кæныны фæдыл куыст адарддæр кæнын, цæмæй дискусситы радон раундмæ балхынцъ æрцæуа", — дзырдæуы Хуссар Ирыстоны делегаци цыппæрæмы цы хъусынгæнинаг апарахат кодта, уым.
Хъусынгæнинаджы тексты куыд нысан цæуы, афтæмæй уынаффæйы фæдыл куыст цæуы ныр цалдæр раунды дæргъы, документ радтид фадат банысан кæнын женеваг дискусситы хайадисджытæй алкæй позици дæр æмæ "æрæвналын женеваг дискусситы сæйраг хæслæвæрд æххæст кæнынмæ — тыхæй ма спайда кæныны фæдыл дыууæварсон æхсæнпаддзахадон бадзырдтыл бакуыст Фæскавказы æдасдзинады иумæйаг системæйы контексты, кæцытæн уыдзæн фидар æхсæнадæмон гарантитæ се 'ххæст кæнынæн".