Бибылты Анатолий сфыссын кодта 15-сывæллонджын бинонты хæс

© Sputnik / Наталья АйриянСемья Джиоевых
Семья Джиоевых - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахæс кодта ПУК "Энергоресурс"-ы къухдариуæгадæн нæ агентад цы бирæсывæллонджын бинонтыл фыста, уыдон хæс сфыссын

ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахæс кодта сфыссын 200 млн сомы бæрц коммуналон лæггæдты фæдыл бирæсывæллонджын бинонты хæс, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг.

"Радтæуыд хæслæвæрд, цæмæй ацы бинонты хæс æрцæуа фыст. Ацы фарст ныридæгæн у скъуыддзаг. Мах хъуамæ æххуыс кæнæм бирæсывæллонджын бинонтæн. Уый хъуамæ суа приоритет. Ацы бинонтæм хъæумæ ныццыдысты депутаттæ дæр æмæ Знауыры районы сæргълæууæг дæр. Паддзахады хæс æххуыс кæнын у, фæлæ ацы бинонтæн сæ уавæр фæхуыздæр уаид, сæхицæн чысыл хæдзарад куы скæниккой, уæд", — загъта Бибылты Анатолий.

ПУК "Энергоресурс"-ы гендиректор Гæбæраты Алан нæ агентадæн куыд загъта, афтæмæй "президентон администрацийы минæвæрттæ кусынц ацы фарсты фæдыл æмæ уыдысты Энергоресурсы дæр".

Амæй размæ Sputnik фыста Чъешиагы хъæуы цæрæг бирæсывæллонджын бинонтыл, цы ран хъомыл кæнынц 15 сывæллоны. 2010 азы республикæйы уæды президент Кокойты Эдуард балæвар кодта бинонтæн цæрæнуат "Мæскуыйаг" микрорайоны æмæ сæ ссæрибар кодта фиддонтæ фидынæй. Фæлæ, 2012 азы хицауады раивдимæ, бинонтæн æрбавдыстой хыгъд 200 мин сомы бæрц, кæцы бинонтæй йæ бон нæу бафидын.

Ног хабӕртты лентӕ
0