ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik, Хъотайты Мария. "Иугонд Ирыстоны" парламентон фракцийы сæргъ æрлæууыд Хуссар Ирыстоны закондæттæн органы спикер Гасситы Петр. Ахæм уынаффæ фракцийы депутаттæ райстой æртыццæджы рабадты рæстæджы, æмхъæлæсæй йæ кандидатурæйы фарс балæугæйæ.
Гасситы Петры кандидатурæ банхъардта Коцты Олеся, кæцы банысан кодта, зæгъгæ,"сæвзæргæ законбæрцадмæ гæсгæ — фракцийы фæдыл бæрндзинад йæхимæ спикер куы райсы, уаид раст ацы æххæстбартæ адæттын закондæттæн органы ног спикермæ". Йæ æнхъарæн депутаттæ айстой æнæ ныхмæдзырдæй.
Парламенты спикер æмæ "Иугонд Ирыстоны" фракцийы ног лидер Гасситы Петр загъта бузныг рабадты хайадисджытæн бакæнгæ æууæнчы тыххæй.
Парти "Иугонд Ирыстоны" раздæры сæргълæууæг ацыд политикон баиугæнды рæнхъытæй, республикæйы президентæй равзæрст куы æрцыд, уæд.
Партийы ног лидеры ном раргом уыдзæн съезды фæстæ, кæцы хъуамæ уагъд æрцæуа июлы.
Фракцийы лидеры равзæрсты фæстæ та парти "Иугонд Ирыстон"-ы офисы уагъд æрцыд централон комитеты æмбырд, цы ран ЦК-ы сæргълæууæг Тасойты Дмитрийы ссæрибар кодтой йæ æххæстбартæй.
Æргом хъæлæсæппæрсты рæстæджы ацы партион бынатмæ равзæрст æрцыд Гæбæраты Юрий.