Сабитӕн лӕвар: Цхинвалмæ æцыд сывӕллӕтты хиирхæфсæн городок

© Sputnik / Фатима ПлиеваВеселые аттракционы в Цхинвале
Веселые аттракционы в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Городок кусдзæн Цхинвалы Вокзалгæрон фæзуаты 8 июльмæ. Сабитæн фадат уыдзæн сæхи ирхæфсын 9 æндæр æмæ æндæргъуызон аттракционтыл

ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалмæ æрластой сывæллæтты аттракцион Ставрополӕй. Сабиты хиирхæфсæн городокӕн мэрия рахицӕн кодта бынат Вокзалгӕрон фӕзуаты.

Цхинвалы сабитæн хъæлдзæг рæстæг арвитыны бынæттæ сты стæм, Ногдзауты парчы изæры сывæллӕттæй азмæлæн дæр нал вæййы, бирæ бинонтæ та улæфт бонты сæ зæнæджы фæкæнынц Дзæуджыхъæумæ сӕхи аирхӕфсыны тыххӕй.

Уымӕ гӕсгӕ республикӕйы хицауад ӕрхуыдта Ставрополӕй сывӕллӕтты аттракцион, ныртӕккӕ йӕ ифтонгад ӕвӕрд цӕуы Вокзалгӕрон фӕзуатыл.

© Sputnik / Фатима ПлиеваСывӕллӕтты хиирхæфсæн городок Цхинвалы
Сывӕллӕтты хиирхæфсæн городок Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Сывӕллӕтты хиирхæфсæн городок Цхинвалы
© Sputnik / Фатима ПлиеваСывӕллӕтты хиирхæфсæн городок Цхинвалы
Сывӕллӕтты хиирхæфсæн городок Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Сывӕллӕтты хиирхæфсæн городок Цхинвалы
1/2
Сывӕллӕтты хиирхæфсæн городок Цхинвалы
2/2
Сывӕллӕтты хиирхæфсæн городок Цхинвалы
Аттракционты хицау Армен Григорян куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй хиирхӕфсӕн городок йӕ куыст райдайдзӕн сабаты, райсом 11 сахытыл.

"Городокы уыдзæн 9 аттракционы. 2-8 азы кары сабитæн "манеж доныхъазтимæ" ӕмӕ "паровозик", аннæтæ сты хистæр кары сывæллæттæн. Ис дзы хъæлдзæг къуылдымтӕ, батуттæ, бассейн тымбылæгимæ, хъеллаугӕнӕнтӕ æмæ ӕндӕртӕ", — радзырдта Армен Григорян.

Уый ма банысан кодта, сабиты хиирхæфæн городокӕн Цхинвалы йæ куыст кӕй фæуыдзæн 8 июлы, стӕй та йæ балц акæндзæн Алагирмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0