ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik. Роснефть" сараздзæн Хуссар Иры йæ æртагкæнæн станцтæ, развæлгъау сæ фембæлды рæстæджы уый тыххӕй бадзырдтой Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æмæ егъау уæрæсейаг нефты компанийы сæйраг æххæстгæнæг директор Игорь Сечин.
Паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй фембæлд ацыд Сочийы УФ президент Владимир Путинимæ бадзырдтӕ сæххæст кæныны мадзæлтты фæлгæтты.
"Бæрæг бадзырд нæ къухы бафтыд. Мах æркастыстæм Хуссар Ирыстоны территорийыл "Роснефть"-ы æртагкæнæн станцтæ бакæныны фарстмӕ", — хъусын кæны президенты ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Бибылты Анатолий банысан кодта, "Роснефть"-имæ бадзырды реализаци кӕй аиуварс кæндзæн республикæйы æртаджы проблемæ.
"Мах ныфс ис, Хуссар Ирыстонмæ "Роснефть"-ы æрцыдæй æппæт проблемæтæ — æвзæр гъæд æртаг æмæ йæ ласыны фæстиæттæ иуварс кӕй æрцæудзысты", — загъта Бибылты Анатолий.
Дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ республикæмæ æрцæудзысты компанийы минæвæрттæ, кæцытæ бæстон æркæсдзысты æртагкæнæн станцты арæзтадмӕ.