ЦХИНВАЛ, 26 июн — Sputnik. Амард зынгæ ирон литератор, ахуыргонд æмæ æхсæнадон архайæг Джусойты Нафи. Цыдис ыл 92 азы.
"Нафи амард Дзæуджыхъæуы дысон дыууæ сахатыл", — загъта Sputnik хуссарирыстойнаг Зонадон-Иртасæн институты директор Гаглойты Роберт.
Джусойты Нафи райгуырд 1925 азы 27 февралы Дзауы районы Ногхъæуы зæхкусæджы бинонты хсæн. 16-аздзыдæй бацыд бархионæй сырх æфсадмæ æмæ йæ рæнхъыты уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фондз аз æнæхъæнæй.
Уый уыд поэт-академик, Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты сæйраг зонадон кусæг, каст лекцитæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетты.
Нафи рауагъта 400 зонадон куыстæй фылдæр, уый нымæцы 12 монографи, ирон литературæйæ ахуыргæнæн чингуытæ, литературон терминты дзырдуат, "Ирон литературæйы историйы" дыууæ томы…
Уый ратæлмац кодта ирон æвзагмæ уырыссаг, украинаг, гуырдзиаг классикты, уый нымæцы А. Пушкины роман "Евгений Онегин". Джусойты Нафийы чингуытæ тæлмацгондæй мыхуыры рацыдыдсты уырыссаг, гуырдзиаг, украинаг, польшæйаг æмæ казахаг æвзæгтыл.
Нафи бахаста егъау хайбавæрд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады рæзтмæ, цалдæр хатт æвзæрст æрцыд республикæйы закондæттæн органы депутатæй. Хæрзæхджын у "Кады нысан"-ы орденæй. У Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат.