Хуссар Ир радта æхсæнадæмон статус проект "Кавказы мæсгуытæн"

© Sputnik / Наталья АйриянВстреча автора проекта "Башни Кавказа" с представителями властей Южной Осетии
Встреча автора проекта Башни Кавказа с представителями властей Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Проекты къухдариуæггæнæг, зындгонд уæрæсейаг журналист Руслан Гусаров æрцыд Хуссар Иры столицæмæ, цæмæй республикæйы къухдариуæгад æмæ ведомствæтимæ æруынаффæ кæна мадзалы аспекттыл

ЦХИНВАЛ, 26 июн — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны хайадист проект "Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуыты" фæуæрæхдæр кæндзæн йæ арæнтæ æмæ йын ратдзæн æхсæнадæмон статус, загъта проекты автор æмæ къухдариуæггæнæг, уæрæсейаг журналист Руслан Гусаров.

Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир бангом уыдзӕн проектмӕ "Хӕларады маяктӕ. Кавказы мӕсгуытӕ"

"Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуытæ" — æхсæнадæмон фæсивæдон культурон-историкон проект, кæцы нывонд у Уæрæсейы адæмты æхсæн хæларадон ахастытæ сфидар кæнынæн, культурон-историкон бынтæ бахъахъхъæныны проблемæтæм хъусдард аздахынæн æмæ бæстæйы туристон фадæтты популяризацийæн.

Гусаров къуырисæры фембæлд Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петримæ æмæ республикæйы ведомствæты къухдариуæггæнджытимæ.

"Ацы аз мах ауадздзыстæм проект Цæгат Кавказы регионтæй асты, уыдон æхсæн Хуссар Ирыстон дæр, кæцы ссис ахсджиаг регион æмæ радта проектæн æхсæнадæмон статус, афтæ ма уæрæхдæр кæны проектты арæнтæ æмæ нын уый та у æхсызгон. Ацы акцийæ мах фæндыд аздахын хъусдард Кавказаг регионы культурон-историкон бынтæ бахъахъхъæныны проблемæмæ. Ӕмæ уыдæттæн ис æрмæстдæр иу нысан — æхсæннационалон кæрæдзиæмбарынад", — загъта Гусаров.

Организаторы ныхæстæм гæсгæ, проекты реализацийæн студенттæ Мæскуыйæ æрцæудзысты Цæгат Кавказмæ, цы ран се ′мбæйттимæ, республикæтæ-хайадисджыты уæлдæр ахуырадон уагдæттæй ауаддзысты куыстытæ кавказаг мæсгуыты бахъахъхъæнын æмæ сæндидзын кæныны фæдыл. Проекты фæлгæтты арæзт цæуынц цыппар регионалон къорды фæйнæ дæс адæймагæй иу республикæйæ: Дагестан — Хуссар Ирыстон, Цæцæн — Хъæрæсе-Черкеси, Мæхъæл — Кæсæг-Балхъар, Цæгат Ирыстон — Адыгея.

"Ӕдæппæт проекты райсдзысты хайад 80 адæймаджы, се ′мбис — мæскуыйаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты студеттæ, аннæ æмбис та — хайадисæг-республикæты фæсивæды минæвæрттæ. Куыстытæ уагъд цæудзысты специалистты лæмбынæг цæстдарды бын. Уымæй дарддæр ма хайадисджытæ базонгæ уыдзысты регионты культурæ æмæ цардуагимæ, райсдзысты хайад бирæнымæц мастер-классты æмæ экскурситы, ауадздзысты экологон акци. Проекты домæнтæм гæсгæ, хайадисджытæ иууылдæр хъуамæ æрвылбон дæр йедзаг кæной электронон бонæгтæ", — радзырдта Гусаров.

© Sputnik / Михаил ХасиевРуслан Гусаров фембæлд Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петримæ æмæ республикæйы ведомствæты къухдариуæггæнджытимæ
Встреча автора проекта Башни Кавказа с представителями властей Южной Осетии   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Руслан Гусаров фембæлд Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петримæ æмæ республикæйы ведомствæты къухдариуæггæнджытимæ

Организаторты ныхæстæм гæсгæ, егъау цау хайадисджытæн суыдзæн фембæлд, куыстытæ цы мыггаджы мæсыгыл цæуынц, уыцы мыггаджы минæвæрттимæ.

Куыстытæ сæххæст кæныны, фæстиуджытæ саразыны æмæ сæхгæныны церемонийы фæстæ студенттæ райсдзысты хайад æхсæнадæмон фæсивæдон форум "Машук"-ы, цы ран хайадисджыты размæ рахæсдзысты сæ проект. Уымæй дарддæр ма, организатортæ нывæндынц мультимедион равдысты хуызы проекты хатдзæгтæ равдисын фæсивæды æмæ студентты æппæтдунейон фестивалы, кæцы ацæудзæн ацы фæззæджы Сочийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0