Гусаров радзырдта Цхинвалы проект "Кавказы мӕсгуыты" тыххӕй

Рафыссын
Проекты къухдариуæггæнæг, зындгонд уæрæсейаг журналист Руслан Гусаров æрцыд Хуссар Иры столицæмæ, цæмæй республикæйы къухдариуæгад æмæ ведомствæтимæ æруынаффæ кæна мадзалы аспекттыл

Гусаров къуырисæры фембæлд Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петримæ æмæ республикæйы ведомствæты къухдариуæггæнджытимæ.

"Ацы аз мах с ауаддзыстæм проект Цæгат Кавказы регионтæй асты, уыдон æхсæн Хуссар Ирыстон дæр, кæцы ссис ахсджиаг регион æмæ радта проектæн æхсæнадæмон статус, афтæ ма уæрæхдæр кæны проектты арæнтæ æмæ нын уый та у æхсызгон. Ацы акцийæ мах фæндыд аздахын хъусдард Кавказаг регионы культурон-историкон бынтæ бахъахъхъæныны проблемæмæ. Ӕмæ уыдæттæн ис æрмæстдæр иу нысан — æхсæннационалон кæрæдзиæмбарынад", — загъта Гусаров.

"Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуытæ" — æхсæнадæмон фæсивæдон культурон-историкон проект, кæцы нывонд у Уæрæсейы адæмты æхсæн хæларадон ахастытæ сфидар кæнынæн, культурон-историкон бынтæ бахъахъхъæныны проблемæтæм хъусдард аздахынæн æмæ бæстæйы туристон фадæтты популяризацийæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0