Хуссар Иры снысан кодтой хъæууон хæдзарады министры фыццаг хæдивæджы

© Sputnik / Алексей КовалевЗдание правительства обсуждение строительства Цхинвал
Здание правительства обсуждение строительства Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъæууон хæдзарады министр къуырисæры базонгæ кодта хицауадæн йæ хæдивæджы

ЦХИНВАЛ, 26 июн — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады министры фыццаг хæдивæгæй нысан æрцыд Дзукъаты Алан. Дыццæджы хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев базонгæ кодта хицауадæн йæ хæдивæджы.

"Дзукъаты Алан райста агрономы ахуырад, рацыд квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсытæ Мæскуы, Краснодары. Цæгат-Кавказаг зонадон институты лаборант, хæст у индивидуалон амалиуæгадыл", — загъта уый министры кабинеты рабадты, кæцы уагъта республикæйы президент Бибылты Анатолий.

правительство - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий снысан кодта хъӕууон хӕдзарады ног министры

Йе ‘нтыстытыл дзургæйæ, Дзукъаты Алан банысан кодта, кæй йын уыд иумæйаг куыстуат сæнæфсир хъомыл кæныны æмæ уымæй продукци уадзыны фæдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, проект куыста сæйраджыдæр Цæгат Ирыстоны территорийыл, уымæн æмæ уым уыд фылдæр инвестицитæ.

Президент министр æмæ йæ хæдивæджы зæрдыл æрлæууын кодта, хъæууон хæдзарад кæй у приоритетон къабаз республикæйы экономикæйы.

"Ныфс мæ ис, сымах кæй банхъардзыстут хъæууон хæдзарады райрæзты фæндæгтæ", — загъат Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0