Джусойты Нафийы бавæрдзысты Хуссар Ирыстоны

© Sputnik / Ада БагианПоэт Нафи Джуссойты
Поэт Нафи Джуссойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон ахуыргонд Джусойты Нафийы зиан бавæрын йæхимæ райста сæрмагонд къамис, кæцыйы сæргъ лæууы Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Аланийы хицауады сæргълæууæг Пухаты Эрик

ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий радта бардзырд Джусойты Нафийы зиан бавæрыны фæдыл къамис саразыны тыххæй, фехъусын кодта Sputnik президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

Къамисы сæргъ æрлæууыд РХИ-ы хицауады сæргълæууæг Пухаты Эрик.

Поэт Нафи Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нафи - куыд ӕй бахъуыды кодтам, афтӕмӕй

"Зынгæ ирон ахуыргон æмæ æхсæнадон архайæг, РХИ-ы зонады сгуыхт архайæг, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайæг, академик Джусойты Нафийы зиан бавæрыны фæдыл дæттын бардзырд саразын паддзахадон къамис. Йæ зиан бавæрыны фæдыл хæрдзтæ бахæссын паддзахады хыгъдмæ", — дзырдæуы президенты бардзырды.

Къамисы скондмæ ма бацыдысты министртæ, парламенты, ХИПУ, ЗИИ, фысджыты цæдис æмæ ветеранты советы минæвæрттæ.

Зынгæ ирон ахуыргонд Джусойты Нафи амард Дзæуджыхъæуы 92 азы кары. Ахуыргонды зиан бавæрдзысты Хуссар Ирыстоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0