ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахæс кодта республикæйы генералон прокурорæн æрæхгæнын уголовон хъуыддæгтæ, "кæцытæ баконд æрцыдысты, æвзæрстагъоммæ кампанийы рæстæджы æнæзаконон митингтæ æмæ æмбырдты хайад чи иста, уыцы æмбæстæгты ныхмæ", хъусын кæны президенты пресс-службæ.
Тыхон стуктурæты къухдариуæггæнджытимæ фембæлды рæстæджы президент банысан кодта, уыдонæн кæй хъæуы бамбарын кæнын, митингты сæ хайадист кæй у æнæзаконон".
"Ацы æмбæстæгты хъæуы бафæдзæхсын, ауадзын семæ æмбарынгæнæн куыст, сæ архæйдтытæ кæй уыдысты æнæзаконон æмæ дыккаг хатт баййафдзысты æфхæрд. Уыимæ иумæ бардзырд дæттын сæ ныхмæ уголовон хъуыддæгтæ сæхгæнын", — загъта Бибылты Анатолий генпрокурорæн.
Генералон прокуратурæйы Sputnik фехъусын кодтой, административон хъуыддæгтæ "уагæвæрд фехалыны, демонстрацитæ организаци кæнын æмæ уадзыны" статьяйы фæдыл баконд кæй æрцыдысты 2017 азы Хуссар Ирыстоны æвзæрстагъоммæ президентон кампанийы рæстæджы митингты 23 активист æмæ организаторы ныхмæ.