Хуссарирыстойнаг скъоладзаутӕ базонгæ уыдзысты Питеры фенддаг бынæттимæ

© Sputnik / Ада БагианДетский танцевальный ансамбль "Ирон"
Детский танцевальный ансамбль Ирон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг къорды сконды ис 22 адæймаджы, уыдонӕн сӕ улӕфт адарддӕр уыдзӕн 8 июльмæ

ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы æмæ Цхинвалы скъола-интернатты, Ленингоры сывæллæтты хæдзар æмæ сидзæр сабиты иу къорд афæндараст сты дыццӕджы улæфынмæ Санкт-Петербургмæ. Къуырийы дæргъы сывӕллӕттӕ зонгæ кæндзысты уæрæсейы рæсугъддæр горæты фенддаг бынæттимæ, фехъусын кодта Sputnik Цхинвалы скъола- интернаты директоры хæдивæг Харебаты Марина.

"Цхинвалы уӕвӕг "Международный Расчетный Банк" сарæзта балц хистæр кары сидзæр сывæллæттæн Петербургмæ. Къорды сконды сты Дзауы скъола-интеранты, Ленингоры сывæллæтты хæдзары æмæ Цхинвалы скъола-интернаты сидзæр сывæллæттæ", — загъта Харебаты Марина.

Хуссарирыстойнаг къорды сконды, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ис 22 адæймаджы, уыдонӕн сӕ улӕфт адарддӕр уыдзӕн 8 июльмæ.

"Сывӕллӕттӕн бацӕттӕ кодтой хъæзныг культурон программæ", — банысан кодта Харебаты Марина.

Афтӕ ма организатортӕ бацæттæ кодтой кæстæр кары сывæллæтты номыхыгъд дæр, уыдон та гæнæн ис æмæ ацæуой улӕфынмӕ дыккаг къорды.

Ног хабӕртты лентӕ
0