Туркаг ирӕттӕ тæфæрфæс кæнынц Джусойты Нафийы зианы фæдыл

© Sputnik / Ада БагианНафи Джусойты
Нафи Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турчы цæрæг ирон адæмы номæй æхсæнад "Алан" хъыгзæрдæйæ тæфæрфæс кæны Хуссар Ирыстоны сæргьлæууæг Бибилты Анатолийæн æмæ æппæт ирон адæмæн Джусойты Нафийы зианы фæдыл

ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik. Турчы цæрæг ирон адæмы культурон-хæрзаудæнгæнæн æхсæнад "Алан"-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин тæфæрфæсы тел æрырвыста президент Бибылты Анатолийы номыл гениалон ирон поэт, стыр ахуыргонд Джусойты Нафийы мæлæты тыххæй, хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Поэт Нафи Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зындгонд адæмы пантеоны Цхинвалы фыццаг йе ʻнусон бынат ссардзæн Джусойты Нафи

"Турчы цæрæг ирон адæмы номæй æхсæнад "Алан" хъыгзæрдæйæ тæфæрфæс кæны Хуссар Ирыстоны сæргьлæууæг Бибилты Анатолийæн æмæ æппæт ирон адæмæн нæ зынаргъ хистæр Джусойты Нафийы зианы фæдыл. Зиан рухсаг уæд. Йæ бинонтæн, йæ уарзон адæмæн Хуыцау фидар зондахасдзинад радтæт", — дзырдæуы телы.

Хуссар Ирыстон цыппӕрӕмы, 29 июны хӕрзбон зӕгъдзӕн номдзыд ахуыргонд, академик Джусойты Нафийӕн. Республикæйы президент Бибылты Анатолийы бардзырмæ гæсгæ, 29 июнь расидт æрцыд фыдохы бонæй.

Нафийы марды чырын 29 июны райсомӕй сихормӕ æвæрд уыдзæн парламенты залы. Ардӕм алкӕмӕн дӕр уыдзӕн фадат ӕрбацӕуын ӕмӕ зӕгъын фæстаг хæрзбон зонады ирд архайæгӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0