Фиддонты терминалты хызæг фæзындзæн Хуссар Ирыстоны

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæТерминал оплаты услуг
Терминал оплаты услуг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Терминалтæ ратдзысты фадат æрмæст телефоны баланс баххæст кæнын нæ, фæлæ ма коммуналон фиддонтæ æмæ ивартæ фидынæн

Телефоны баланс баххæст кæнын Хуссар Ирыстоны фадат ис æрмæстдæр республикæйы иунæг чырон оператор — компани "Остелеком"-ы офисты, науæд та фиддонон картæты руаджы, коммуналон фиддонтæ бафидыны тыххæй та хъæуы цæуын Националон банкмæ Цхинвалы æмæ уым рады лæууын бирæ рæстæг. Фæлæ, æвæццæгæн, уавæр тагъд фæивдзæн — республикæйы райдыдтой æвæрын фиддонон терминалты хызæг, кæцытæ ратдзысты фадат фæрогдæр кæнын ахæм цардуагон фарстаты. Терминалтæ æвæры компани "Скайсенд", йæ сæргълæууæг Къæбысты Андрей радзырдта Sputnik уацхæссæг Годжысаты Аннайæн, кæд райдайдзæн кусын хызæг æмæ цы лæггæдтæ кæндзæн йæ клиенттæн.

— Цавæр фиддонон операцитæ уыдзæн аразæн уæ терминалты фæрцы æмæ дзы цал нывæндут сæвæрын республикæйы?

— Фиддонтæ фидынæй дарддæр ма терминалты функциты уыдзæн бынæттон операторы хыгъдтæ баххæст кæнын, рухс, газ, ФПС-ы хаххыл ивартæ, паддзахадон, таможнæйон æмæ æндæр фиддонтæ исын.

Уыдæттæ суыдзысты реалон, куыддæр æмбæлон инстанцтимæ бадзырдтæ бафыссæм, афтæ.

Ныридæгæн уагъд цæуынц бадзырдтæ. Ӕдæппæт республикæйы æвæрд æрцæудзæн 35 терминалы.

— Чи дардзæн йæ хъус терминалты куыстмæ?

— Аппараттæ æмæ серверон фæлындæнтæм сæ хъус дардзысты нæ компанийы специалисттæ. Нæ компани бакæндзæн ваканситæ æмæ сифтонг кæндзæн куыстæй 15 адæймаджы — не ′мбæстæгты. Ныртæккæ фиддонты системæ кусы тестон режимы, терминалы хызæг та лæууы "Остелеком"-ы сæйраг офисы.

— Цы ран уыдзысты æвæрд уæ аппараттæ?

— Ацы фарстæн нырма нæ бон нæу дырыс дзуапп раттын, уымæн æмæ мах ныртæккæ ахуыр кæнæм бынæттæ, цы ран ис фылдæр æнæмæнгхъæуындзинад сæ сæвæрды.

— Чи хицæн кæны финанстæ проектæн?

— Компани арæзт у куыд уырыссаг-хуссарирыстойнаг куыстуат. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæрдзтæ уыдзысты куыд нæ фарсæрдыгæй, афтæ уæрæсейаг партнеры æрдыгæй. Уый тыххæй мах райстам кредит.

— Цæй бæрц уыдзæн комиссион процент уæ лæггæдты тыххæй?

— Нырма уал, объективон æмæ субъективон аххосæгтæм гæсгæ, процентон къамисæн нæй гæнæн æмæ уа авд процентæй къаддæр. Фæлæ, нæ нывæзтты ис хисæрмагонд фиддонон системæ саразын, уый фæстæ къамис уыдзæн æрмæст æртæ-цыппар проценты.

Кæд скусдзысты терминалтæ?

— Уый æрмæст нæ компанийыл нæу баст, фæлæ фыццаджыдæр, нæ республикæйы куыстуæттæ æмæ организацитыл. Цас раздæр саразой немæ бадзырдтæ, уас тагъддæр райдайдзыстæм æххæстбæрц куыст.

Ныртæккæ, терминалтæ тестон режимы скусынгæнгæйæ, мах равдыстам, кæй у нæ бон ацы хæслæвæрд сæххæст кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0