Нафийæн хæрзбон: Мæскуыйы æрбайгом тæфæрфæсты чиныг

© Sputnik / Николай Рютин /  Ахизын медиабанкмæТраур в Генеральном консульстве Республики Польша в Иркутске
Траур в Генеральном консульстве Республики Польша в Иркутске - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джусойты Нафийы фæзианы фæдыл Хуссар Ирыстоны минæварады бакодтой тæфæрфæсты чиныг

ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны адæмон фыссæг, зынгæ æхсæнадон архайæг æмæ ахуыргонд Джусойты Нафийы фæзианы фæдыл хуссарирыстойнаг минæварады Мæскуыйы бакодтой тæфæрфæсты чиныг, фехъусын кодтой Sputnik дипломатон уагдоны пресс-службæйы.

Поэт Нафи Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зындгонд адæмы пантеоны Цхинвалы фыццаг йе ʻнусон бынат ссардзæн Джусойты Нафи

Нафи ахицæн йæ цардæй 92-аздзыдæй ивгъуыд хуыцаубон. Фæстаг хæрзбон ын зæгъдзысты цыппæрæмы, парламенты рабадтыты залы. Президенты указæй 29 июнь республикæйы расидт æрцыд фыдохы бонæй.

"Чиныджы фыст ныууадзыны фадат уыдзæн 28-29 июны 11:00 — 17:00 сахатыл", — банысан кодтой пресс-службæйы.

Нафи бахаста стыр хайбавæрд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады рæзтмæ, цалдæр хатт æвзæрст уыд республикæйы закондæттæн органы депутатæй. У хорзæхджын "Кады нысаны" орденæй, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат.

Ног хабӕртты лентӕ
0