ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста сгуыхт æмбæстæгты националон пантеон саразыны фæдыл указ, фехъусын кодта Sputnik паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Ведомствæйы информацимæ гæсгæ, пантеон уыдзæн æвæрд Цхинвалы территорийыл æмæ уыдзæн горæты администрацийы хъусдарды бын.
Пантеоны арæзты нысан у — республикæйы сгуыхт политикон æмæ æхсæнадон архайджыты, æфтæ ма зонад, культурæ, аивады рæзтмæ егъау хайбавæрд чи бахаста æмæ бæстæйы раз йæ лæггæдтæ егъау кæмæн сты, уыцы æмбæстæгты нæмттæ сæнусон кæнын.
Пантеоны фыццаг бавæрдзысты Джусойты Нафийы.