Хуссар Иры парламент аргъæвта Тасойты Дмитрийæн æнæууæнчы вотумыл уынаффæтæ

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент Южная Осетия Цхинвал
Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Вице-спикер Тасойты Дмитрийæн æнæууæнк рахæссыны фарстмæ æркæсдзысты парламенты радон рабадтыл

ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны парламент аргъæвта Тасойты Дмитрийæн æнæууæнчы вотум рахæссыны фæдыл уынаффæтæ.

Ӕртыццæджы парламенты президиум аскъуыддзаг кодта сессимæ Тасойты Дмитрийæн вотумы фарст рахæссын, уый баст уыд Тасойты Дмитрийы телехъусынгæнинагимæ, ома хъуамæ ахиза "Иугонд Ирыстоны" парламентон фракцийы скондæй.

Вице-спикер нæу разы вотумы фарсты фæдыл æмæ æрдомдта ауадзын партийы съезд, цæмæй партийы уæнгтæ иууылдæр зæгъой сæ хъуыдытæ ацы фарсты фæдыл.

"Зонын æмæ партийы ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ нæ фæтæрсдзысты зæгъын, цы хъуыды кæнынц, уый. Нæ йæ 'мбарын, цæмæ мын хæссынц æнæууæнчы вотум", — загъта Тасойты Дмитрий сессийы рæстæджы майрæмбоны.

Аххосæгтæй иу та парламенты фыццаг вице-спикер Мамиты Инал схуыдта, зæгъгæ, Тасойты Дмитрий "исы мызд, куыстмæ кæй нæ цæуы, уый тыххæй".

Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламенты вице-спикерæн рахæсдзысты æнæууæнчы вотум

Тасойты Дмитрий рабадтмæ æрбацыд йæхи операторимæ, уый та нæ фæцыд парламенты спикер Гасситы Петры зæрдæмæ, кæцы фехъусын кодта, сесси кæй хъуамæ иса æрмæстдæр парламентон оператор.

Вице-спикер радта дзуапп, закон тобæ кæй нæ æвæры, цæмæй йæхæдæг иса æмæ оператор арвитгæйæ, райдыдта исын йæхæдæг. Быцæуæн кæрон куы нæ зынд, уæд спикер рахаста уынаффæ Тасойты Дмитрийæн вотумы фарст аиргъæвын радон сессимæ.

Вице-спикер Тасойты Дмитрий парламентон трибунæйæ ранымадта регламент фехæлды пункттæ, кæцытæ йæ хъуыдымæ гæсгæ, уагъд æрцыдысты ивгъуыд президиумы рæстæджы, депутатты размæ хаст куы æрцыд уымæн æнæууæнчы вотум рахæссыны фарст.

Ног хабӕртты лентӕ
0