ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik, Годжысаты Анна. Фæстаг дыууæ къуырийы мидæг Хуссар Ирыстоны цæрджытæ сæхиуыл æнкъарынц температурæйы цæхгæр ивындзинæдтæ — фæззыгон сатæгæй аномалон æнтæфы онг.
Синоптикты прогнозтæм гæсгæ, уæлдæфы хъæрмад хиздзæн 34 градусы онг.
Аномалон æнтæф иуæй-иутæ тынг æвзæр фæразынц, уæлдайдæр та зæрдæйы низтæй рынчын адæм.
Республикон соматикон рынчындоны кардиологон хайады гæс Хъороты Светлана фæдзæхсы, цæмæй ацы æнтæфы бирæ рæстæг ма лæууой хурмæ, хæдзарæй та ма хизой бæгъæмсæрæй.
"Туджы æлхъывдад тынг ивы. Кæмæндæр цæхгæр æрхауы, аннæмæн та хæрдмæ схизы. Ахæм рæстæджы хъæуы дохтырмæ бацæуын. Ацы бонты фæфылдæр рынчынты нымæц, фæлæ госпитализациты нымæц та фæкъаддæр, рынчындоны æнтæф кæй у, уый аххосагæй", — загъта кардиолог.
Аномалон æнтæф, йæ ныхæстæм гæсгæ, ссис йæ туджы æлхъывдад бæрзонд кæмæн у æмæ зæрдæйы низтæй рынчын чи у, уыцы адæмы æнæниздзинады уавæры февзæрдæры аххосæг.
"Ахæмты мах схуыссын кæнæм рынчындоны", — бафтыдта уый.