Лебедев: тынг æхсызгон мын уыдзæн Гасситы Мурæтимæ тох ауадзын

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæБокс. Бой между Д. Лебедевым и М. Гассиевым
Бокс. Бой между Д. Лебедевым и М. Гассиевым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Денис Лебедев фехъусын кодта, бонæй бонмæ Гасситы Мурæтимæ йæ реваншы æвæццæгæнад кæй кæны къаддæр

ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik. Дунейы чемпион фыццаг уæззау уæзы WBA (Super) версимæ гæсгæ, уæрæсейаг боксер Денис Лебедев фехъусын кодта, бонæй бонмæ Гасситы Мурæтимæ йæ реваншы æвæццæгæнад кæй кæны къаддæр, хъусын кæны Р-Спорт.

Клуб Ирон-ы баконд - Sputnik Хуссар Ирыстон
"IRON": Цхинвалы бакодтой Гасситы Мурӕты номыл фыццаг боксы клуб

"Ныфс алыхатдæр ис, уæлдайдæр та ацы тох цымыдисон у Мурæтæн дæр æмæ мæнæн дæр. Фæлæ рæстæг куыд цæуы, афтæ къаддæр кæны ацы тохы æвæццæгæнад. Скъуыддзаг хъуыд райсын æвæстиатæй, фæлæ цавæрдæр аххосæгтæм нæ бантыст", — загъта Лебедев.

Гасситы Мурæт 2016 азы декабры фæуæлахиз Лебедевыл æмæ рамбылдта IBFверсимæ гæсгæ титул. Фембылдуæвæг боксеры фарс тохы фæстæ фехъусын кодта реваншы фæдыл нывæзтты тыххæй. Гасситы Мурæты промоутер Леон Маргулес фехъусын кодта, Лебедевы кæй нæ цымыдис кæны реванш.

"Мæ зæрдæ мæхиуыл нæ худы уыцы тохы (декабры) тыххæй, ныры онг дæр мæ хъуыды нæ аивтон: уыцы тох æз нæ фембылдтæн. Ныр цы? Уыцы шанс фæцис Мурæты æмæ архайæт дарддæр, хъахъхъæнæт титул. Мæнæн хъахъхъæнинаг ницыуал ис. Цы мæ бон уыд, уый сарызтон. Ацы тох кæд æрцæуинаг у, уæд мын уыдзæн æхсызгон", — балхынцъ кодта боксер.

Ног хабӕртты лентӕ
0