"Газпром" загъта Хуссар Ирыстоны газификацийы домæнтæ

© Sputnik / Стрингер /  Ахизын медиабанкмæВысокогорная газокомпрессорная станция "Воловец" в Закарпатской области
Высокогорная газокомпрессорная станция Воловец в Закарпатской области - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны газификацийы фарст æлхынцъонæй скъуыддзаг æрцæудзæн республикæйы президент Бибылты Анатолийы фембæлды рæстæджы "Газпром"-ы сæргълæууæг Алексей Миллеримæ

ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik, Хъотайты Мария. Уæрæсейаг компани "Газпром" разы у Хуссар Ирыстоны газификацийыл ахæм домæнимæ — республикæйы газы тарифтæ хъуамæ схизой цæгатирыстойнаг тарифты онг, фехъусын кодта республикæйы премьер-министр Пухаты Эрик пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы.

Хуссар Ирыстонмæ æрдзон газ цæуы Уæрæсейæ 2007-2009 азты арæзт газы хæтæл "Дзуарыхъæу — Цхиналы" уылты. Абоны бон газæй ифтонг сты æрмæстдæр Цхинвалы æмæ æввахс хъæутæй иуы цæрджытæ.

Газпром-ы бӕстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Газпром сараздзӕн филиал Хуссар Ирыстоны

Хуссар Ирыстоны газы кубометры аргъ у 4,27 сомы, Цæгат Ирыстоны та 5,47 сомы.

"Разыдзинады проекты фæстæ "Газпромæй" райстам уæлæмхас домæнтæ, кæцытæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны газы тарифтæ хъуамæ схизой цæгатирыстойнаг тарифты онг. Уый æмбæрстгонд у, уымæн æмæ алы организаци дæр кусы æфтиагыл", — загъта Пухаты Эрик.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны газификацийы фарст æлхынцъонæй скъуыддзаг æрцæудзæн "республикæйы президент Бибылты Анатолий фембæлды рæстæджы "Газпром"-ы сæргълæууæг Алексей Миллеримæ, кæцы хъуамæ уагъд æрцæуа æввахс бонты".

2016 азы кæрон Хуссар Ирыстоны уæды президент Тыбылты Леонид фехъусын кодта, уæрæсейаг компани "Газпром" фондз азы æмгъуыдмæ газæй æххæстæй кæй сифтонг кæндзæн республикæйы цæрæн пункттæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 188 цæрæн пункты газификаци слæудзæн 2,5 — 3 миллиард сомы, "уыимæ иумæ, хæрдзтæ иууылдæр йæхимæ райсдзæн уæрæсейаг фарс, сæрмагондæй, "Газпром".

Ног хабӕртты лентӕ
0