Хуссарирыстойнаг боксертæ æрæмбырд кодтой "сыгъзæрин тыллæг" УФ-йы турниры

© Sputnik / Фатима ПлиеваЧемпионат по боксу
Чемпионат по боксу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг спортсментæ рамбылдтой 11 сыгъзæрин майданы Кисловодскы турниры

ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik, Годжысаты Анна. Хуссарирыстойнаг спортсментæ рамбылдтой 11 сыгъзæрин майданы Кисловодскы ацæугæ турниры, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Хаситы Владислав.

Боксы турнир Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ногӕй та уӕлахиз: фондз сыгъзӕрины ӕрхастой ирон боксертӕ Минводы турнирӕй

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæрæсейаг æхсæнрегионалон турниры хуссарирыстойнаг боксертæ равдыстой цæттæдзинады бæрзонд æмвæзад, уымæн æвдисæн сты 11 сыгъзæрин майданы.

"Ерысты архайдтой не спортсментæй 17-æй, уыдонæй 11 райстой сыгъзæрин майдантæ. Уый та дзурæг у нæ спортсменты серьезон ахастыл сæ хъуыддагмæ æмæ сæ цæттæдзинады бæрзонд æмвæзадыл", — загъта тренер.

Фыццаг бынæттæ цы æрыгон спортсментæ бацахстой, уыдон сты 13-14 азы кары. Нæлгоймæгтæй дарддæр ма ерысты архайдтой чызджытæ дæр — дыууæ сыгъзæрин майданы рамбылдтой Гаглойты Алана æмæ Уалыты Алана.

"Кæд чызджытæ æрдæг азæй фылдæр нæма тренировкæ кæнынц, уæддæр уыдон тынг ирдæй фæуæлахиз сты тохты æмæ сæхицæн сифтонг кодтой фыццаг бынæттæ. Иумæйагæй, тынг райгонд дæн фæстиуджытæй", — загъта Хаситы Владислав.

Ныртæккæ æрыгон боксертæ уадзынц сæ фæллад, фæлæ сæм къуырийы фæстæ æнхъæлмæ кæсынц сбортæ æппæтуæрæсейаг ерыстæм, кæцытæ ацæудзысты августы кæрон.

Ног хабӕртты лентӕ
0