ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Ӕнæрлæугæ къæвда нæ дæтты фадат Транскавказаг магистраль асыгъдæг кæнынæн, хъусын кæны РИА Новости.
Трассæйыл автотранспортон змæлд у æхгæд, йæ фадгуытæй иуыл цъыфы зæй кæй æрцыд, уый аххосæй.
"Транскамы автомагистралыл дарддæр цæуынц фæндаг æмæ ма дренажон системæ сыгъдæг кæныны куыстытæ, къуылымпы сæ кæны æвзæр боныгъæд. Къæвда нæ лæууы, тæрккъæвдайы дæттæ хæссынц хохдуры мыггæгтæ фæндагмæ", — загъта Цæгат Ирыстоны УУМ-ы сæйраг управленийы минæвар.
Куыстыты æдасдзинад ифтонг кæнынц Цæгат Ирыстоны агурæн-ирвæзынгæнæн къорды Транскавказаг дæлхайады ирвæзынгæнджытæ.