Завод "Растдон" йæ фыццаг продукци рауадздзæн июлы

© Sputnik / Наталья АйриянОткрытие мясокомбината "Растдон"
Открытие мясокомбината Растдон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Официалон æгъдауæй фыдызгъӕлы завод Цхинвалы æрбакодтой уалдзæджы

ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фыдызгъӕлы завод "Растдон" рауадздзæн йæ фыццаг продукци ацы мæйы маркæ "Нæртон"-ы дæлбар, фехъусын кодта социалон хызæг Facebook йæ фарсыл уӕрӕсейаг бизнесмен, компани "Евродон"-ы хистӕр Уанеты Вадим.

Фыдызгъӕлы завод "Растдон" компани "Евродон" сарæзта Цхинвалы цӕгатгӕрон. Официалон æгъдауæй завод æрбакодтой уалдзæджы.

"Хуссар Ирыстоны завод "Растдон", кæцы скусын кодтой 2017 азы уалдзæджы, рахиздзæн йæ куысты æххæст гуырахстмæ. Июлы рацæудзæн продукци маркæ "Нæртон"-ы дæлбар", — ныффыста бизнесмен.

Экскурси фыдызгъӕлы завод Растдон-ыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Экскурси фыдызгъӕлы завод "Растдон"-ыл

"Нæртон" маркæйы бын цæудзæн уæрæх ассортимент, уазал продукттæй дарддæр ма "Растдон"-æн йæ бон уыдзæн рауадзын натуралон полуфабрикаттæ, стæй ма арф рацарæзты хæлцад: тахынæгтæ, сосискæтæ, сарделькæтæ, фæздæгмæдзыд æмæ æндæртæ. Ассортимент æвзаргæйæ хынцыд æрцыдысты бынæттон гастрономон традицитæ, спайда кодтой националон рецепттæй.

"Растдоны" арæзтад æрхаудта уæззау экономикон рæстæгмæ, уымæ æнæкæсгæйæ, амалиуæгад афоныл æрцыд арæзт æмæ цæттæ у продукци уадзынмæ, бынæттон фермертæн та фадат ис фыдызгъæл уырдæм дæттынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0