Куыд сæмбæлд Хуссар Иры информацийы комитет йæ æрыгон хистæрыл

Рафыссын
Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæргъ æрлæууыд Sputnik журналист Хъотайты Мария, цыппæрæмы йæ республикæйы премьер-министр Пухаты Эрик базонгæ кодта уагдоны коллективæн

Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдар Пухаты Эрик цыппæрæмы информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты коллективæн базонгæ кодта ног къухдариуæггæнæджы.

Премьер бакаст президенты указ Хъотайты Марияйы ацы бынатмæ снысан кæныны фæдыл. Уыцы указæй ма президент ссæрибар кодта ведомствæйы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Харебаты Маяйы.

Комитеты ног къухдариуæггæнæг аныхас кодта коллективимæ æмæ радзырдта йæ фыццаг къахдзæфты тыххæй.

"Архайдзыстæм комитеты куыст фæхуыздæр кæныныл, хицауадæй æххуыс курын æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, куысты нæ хæлæрттæ уыдзысты объективондзинад, æцæгдзинад æмæ принципиалондзинад", — загъта Хъотайты Мария.

Ног хабӕртты лентӕ
0