Цæгат Ирыстоны мад æрвыста мæгуыргур йæ сывæллæтты

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæПолиция
Полиция - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуы мæгуыргур сылгоймаг бафтыдта ацы хъуыддагыл йе 'нахъом сывæллæтты

ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik. Дзæуджыхъæуы 42-аздзыд сылгоймаг æрвыста мæгуыргур йе 'нахъом сабиты, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны МХМ-ы пресс-службæ.

Дзæуджыхъæуы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл дæлхайадмæ бацыд информаци, зæгъгæ, 42-аздзыд сылгоймаг цæуы мæгуыргур æмæ ма ацы хъуыддагыл бафтыдта йе 'нахъом сывæллæтты дæр.

"Оперативон-агурæн мадзæлтты рæстæджы, полицийы кусджытæ сбæлвырд кодтой Дзæуджыхъæуы уынгтæй иуыл мæгуыр курыны факт. Ацы сылгоймаджы æнахъом лæппу йæ хæрæфыртимæ куырдта æхцайы фæрæзтæ машинæты щофыртæй", — дзырдæуы хъусынгæнинаджы.

Банысан хъæуы, сылгоймаг кæй у сыхаг бæстæйы цæрæг æмæ Цæгат Ирыстоны цæры рæстæгмæ. Ууыл ма раздæр дæр уыд æвæрд административон бæрн ахæм фæткхæлдты тыххæй.

Йæ ныхмæ баконд æрцыд уголовон хъуыддаг "æхсæнады ныхмæ архæйдтытыл æнахъомы бафтауыны" статьяйы фæдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0