"Симды" артисттæн лæвæрд æрцыдысты кадджын нæмттæ Абхазы

© Sputnik / Ада БагианКонцерт 3 ансамблей на стадионе
Концерт 3 ансамблей на стадионе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абхазы президент радта "Республикæ Абхазы сгуыхт артисты" нæмттæ ансамбль "Симд"-ы артисттæн

ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik. Абхазаг филармонийы ацыд кафт æмæ зарды хуссарирыстойнаг паддзахадон ансамбль "Симд"-ы концерт. Артисттæ æрцыдысты Абхазмæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы визиты агъоммæ, хъусын кæны Sputnik Абхаз.

Президент РЮО возложил цветы у мемориала в Парке Славы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий сæвæрдта дидинтæ мемориалмæ Сухумы Кады парчы

Концерт æрбайгом кодтой паддзахадон ансамбль "Кавказ"-ы артисттæ "чызджыты кафтæй".

Концерты хайад истой абхазаг артисттæ дæр, цæмæй ирон ансамблы хайадисджытæн уа рæстæг дарæс раивынæн æмæ аулæфынæн.

Ӕхсызгон сюрприз ссис Абхазы президент Рауль Хаджимбайы указ. Президенты администрацийы паддзахадон протоколы кусæг Константин Мирзоян бакаст бæстæйы сæргълæууæджы указ "Республикæ Абхазы сгуыхт артисты" нæмттæ ансамбль "Симд"-ы артисттæн раттыны тыххæй.

Кавказы адæмты культурæйы популяризаци æмæ хореографион аивады райрæзтмæ хайбавæрды тыххæй, кадджын нæмттæ лæвæрд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд"-ы сæйраг дирижер Саппиты Зæлинæ, ансамблы солисттæ Болататы Маирбег æмæ Дзабиты Зæринæйæн.

Абхазы гастролты фæлгæтты ирон ансамбль "Симд" йæ арæхстдзинад равдисдзæн Гагра, Пицунда, Гудаут, Гулрыпш æмæ Очамчырайы.

Ног хабӕртты лентӕ
0