Цхинвалы уынгтæй иуæн радтой Джусойты Нафийы ном

© Sputnik / Ада БагианПоэт Нафи Джусойты
Поэт Нафи Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгæ ирон ахуыргонд Джусойты Нафийы ном хæсдзæн "Мæскуыйаг" микрорайоны уынгтæй иу

ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Зынгæ ирон фыссæг æмæ ахуыргонд Джусойты Нафийы ном лæвæрд æрцыд Цхинвалы "Мæскуыйаг" микрорайоны уынгтæй иуæн, фехъусын кодтой Sputnik горæты администрацийы пресс-службӕйы.

Джусойты Нафи - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нафи

Цалдæр азы размæ, академик Джусойты Нафийы нырма йæхæдæг сæрæгас куы уыд, уæд Иры æхсæнад æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ раразмæ кодтой хъуыды Цхинвалы Максим Горький уынг, кæцыйыл цард ахуыргонд, раивын Джусойты Нафийы уынгмæ. Ацы хъуыдыйы ныхмæ цæхгæр рацыд ахуыргонд йæхæдæг. 

Ныр йæ амæлæты фæстæ йе сфæлдыстадон æмæ зонадон бынтæн аргъгæнджытæ рахастой уынаффæ зындгонд гоймаджы ном сæнусон кæныны фæдыл.

"Горæты хицæуттæ рахастой уынаффæ номдзыд ахуыргонд Джусойты Нафийы ном раттын сæйраг сахары уынгтæй иуæн. Ирзонады ирддæр минæвары ном хæсдзæн "Мæскуыйаг" микрорайоны нырмæ æнæном уынг. Ӕввахс рæстæджы уынгыл фæзындзысты амонæг уæлфыстытæ", — загъта мэрияйы пресс-секретарь Коцты Зæринæ.

Джуссойты Нафи йæ цардæй ахицæн 92 азы кары ивгъуыд мæйы кæрон. Номдзыд ахуыргонд йе ʻнусон бынат ссардта Ирыстоны кадджын адæмы пантеоны.

Нафи бахаста егъау хайбавæрд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады рæзтмæ, цалдæр хатт æвзæрст æрцыд республикæйы закондæттæн органы депутатæй. Хæрзæхджын у "Кады нысан"-ы орденæй. У Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат.

Ног хабӕртты лентӕ
0